Турчы æнгомæй цæрæг ирон адæм та радон хатт сарæзтой кæрæдзийы феныны бæрæгбон
Турчы æнгомæй цæрæг ирон адæм та радон хатт сарæзтой кæрæдзийы феныны бæрæгбон. Кæстæр фæлтæрæн сæ хистæрты фенд алы хатт стыр хорздзинад æрхæссы. Уый зонгæйæ сын хистæртæ дæр уыцы амонд арæх балæвар кæнынц. Афтæ та - ныр дæр. Турчы стырдæр горæттæй æрбамбырд сты ирон адæмы æхсæнад «Алан»-ы арфæйаг бæстыхайы. Федтой æмæ зæрдиагæй бацин кодтой кæрæдзийыл, сæ хуыздæр арфæтæ хъуыстысты бæркадджын фынгты уæлхъус. Æхсæнады сæрдар Хъуысаты Садреттины ныхæстæм гæсгæ, йын алкæй уынд дæр тынг æхсызгон вæййы. Стыр ахадындзинад ис ахæм фембæлдтытæн. Турчы цæрæг ирон адæмæй ма хистæртæ дзурынц бæрæг хуыздæр сæ мадæлон æвзагыл. Цæмæй фыдæлты фарн историйы арфы ма байсыса, уый тыххæй ахсджиаг хæс у кæстæрты йыл фæцалх кæнын. Куыд сæ бон у, афтæ сын æнтысы. Уæвгæ, ахæм фембæлдтытæн канд кæрæдзийы феныны нысаниуæг нæй. Æхсæнады уæнгтæ сæ бирæ хæстæджытимæ æрбамбæлдысты пысылмон динылхæст адæмы кадджындæр бæрæгбæттæй иуы рæстæг - Рамаданы мæй. Уый у фæразондзинад æмæ рæстуд уæвыны бæрæгбон. Зæгъæн ис, æмæ ацы бæстæйы цæрæг ирон адæмæн символикон у. Фæразын сæ хъæуы, фыдыуæзæгæй дард кæй фæхаудысты, уыцы хъысмæтæн. Уæдæ куыд рæстудæй цæрынц, уымæн та не сфæлдыстадон къордтæ дæр иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты æвдисæнтæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ахæм фембæлдтытæ фидæны дæр араздзысты. Сæ хъомыс æмæ ахадындзинад æндæр адæмыхатты `хсæн цæргæйæ ирон адæмæн тынг ахсджиаг сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Турчы æнгомæй цæрæг ирон адæм та радон хатт сарæзтой кæрæдзийы феныны бæрæгбон
Категория:
Новости и СМИ