Арвыкомы фæндаг байгом кодтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Арвыкомы фæндаг у гом æххæстæй æмæ кусы фæткмæ гæсгæ. Ацæуыны бар ыл ис куыд рог хæдтулгæтæн, афтæ уæзласæнтæн дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фæндаг фæстаг бонты къуылымпытимæ кæй куыста, уый. Уымæн аххосаг уыди, Гуырдзыстоны `рдыгæй боныхъæды уавæртæ æвзæр кæй уыдысты, уый. Ныр фæндаг митæй ссыгъдæг кодтой. Уыцы иу рæстæг, Цæгат Ирыстоны хæххон районты тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Æвирхъау цаутæ æмæ фыдбылызтæ æрцæуынæн гæнæн кæй ис, уый тыххæй хъусын кæнынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрдæй. Уæлдай къæрцхъусдæр уæвын хъæуы фæндæгтыл. Министрады хъусынгæнинагмæ гæсгæ, цы æвзæр боныхъæд ракæна, уымæй тæссаг уыдзæн, фæндаггæрæтты цы бæстыхæйттæ æмæ электрон тыхдæттæн хызæгтæ цæуынц, уыдонæн. Уый хынцгæйæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фыдбылызтæй сæхи хизой. Сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та ирвæзынгæнджытæм хабар кæной 101, 112, кæнæ 01 сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Арвыкомы фæндаг байгом кодтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн

Категория:

Новости и СМИ