Дзанайты Барис амыдта хицауады радон аппаратон æмбырд
Абон Мæскуыйы рæстæгмæ гæсгæ изæры 8 сахатыл фæуыдзæн адæймаг цы ран уа,уым схъæлæс кæныны фæдыл курдиæттæ исыны æмгъуыд. Курдиат бадæттæн ис бирæвæрсыг центрты, стæй паддзахадон лæггæдты порталы уылты дæр. Уæрæсейы президенты æвзæрстытæм цæттæ кæныны тыххæй Дзанайты Барисæн радзырдта республикæйы æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Бюллетенты иумæйаг тираж у 516 мины. Нымайæн 66 комплексы куыст бафæлвæрдтой. Æвзарæн участоктæ байгом кæндзысты 15-æм мартъийы райсомы 8 сахатыл. Аппаратон æмбырды ма ныхас кодтой уæлæмхасæн ахуырады тыххæй дæр. Дзуапдæттæг министр Алыбегты Эллæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз сараздзысты 20 мин ног бынаты. Уымæй уæлдай ма байгом кæндзысты 13 ног рæзты тæлмы. Сергей Меняйлойы уынаффæмæ гæсгæ алы районы дæр фæзындзысты патриотон хъомылады центртæ. Пушкины номыл картæйы 'руаджы та афæдзы райдианæй нырмæ республикæйы культурæйы уагдæттæ бакуыстой 21 милуан сомы. Ирон театр у æппæты уарзондæр скъоладзаутæ æмæ студентты 'хсæн. Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цыд социалон вазыгджын объекттæм базилынæн контракттæ бафыссыныл.