Бæрæгбоны арфæтимæ
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав абон бабæрæг кодта Алайнаг гимназы ахуырдзауты. Ног азы бæрæгбоны фæдыл сын раарфæтæ кодта. Йе `рбацыдмæ сывæллæттæ бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ - спектакль æмæ музыкалон радыст. Радзырдтой æмдзæвгæтæ. Алцы дæр - нæхи ирог æвзагыл. Битарты Вячеслав сабитæн загъта бузныджы ныхæстæ æмæ алкæй дæр схорзæхджын кодта ног азы бæрæгбоны лæвæрттæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрæгбоны арфæтимæ
Категория:
Новости и СМИ