Фæуазазалдæр ис
Уæвгæ абон боныхъæд йæхи æххæстæй равдыста. Райсомы ирд хур æваст тыхджын митуардмæ раивта, температурæ та дзæвгар æрхауд. Ахæм уавæртæ Цæгат Ирыстоны бон-дыууæ, гæнæн ис, æмæ ноджы фылдæр афæстиат уыдзысты. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Гидрометцентр. Куыд зæгъынц, афтæмæй ма фæуазалдæр уыдзæн. Абонæй фæстæмæ температурæ ныллæгдæр кæнын райдайдзæн. Хæстæгдæр бонты уæлдæфы температурæ æхсæвы æрхаудзæн 8 градусы онг уазалмæ, бонæй уыдзæн 2 градусы уазалæй 3 градусы онг хъарм. Уазæлтты сæйраг аххосаг у, Уæрæсейы территоримæ цæгатаг циклон кæй æрбахæццæ кæны, уый. Уардзæн мит, фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг. Коммуналон службæтæ цæттæ сты æнæнхъæлæджы уавæртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæуазазалдæр ис
Категория:
Новости и СМИ