Æндзон зынгсырвæзтытæй тæссаг вæййы æгас Уæрæсейы дæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

248 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

248 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

248 просмотров

8 лет назад

Æндзон зынгсырвæзтытæй тæссаг вæййы æгас Уæрæсейы дæр. Кæцыдæр регионты ма фыддæр дæр вæййынц. Ныридæгæн дæр, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты минстрады куыд хъусын кæнынц, афтæмæй арты уацары бахаудысты Волгæйы фæзтæ, Дæллаг Новгороды зынг схæцыд цæрæн хæдзæрттыл дæр. Тверы дæр афтæ. Сæйраг аххосаг у, куыд дзырдтам афтæ, адæймаджы æнæрхъуыды митæ. Уæззау уавæры сты Фæсбайкалы. Уым ссыгъди 20 гектарæй фылдæр. 600 адæймаджы хъыгдард баййæфтой. Уый ууыл дзурæг у æмæ уалдзæгмæ ардз зынгæ кæй фæивы. Æмæ йæм хъæуы цæттæйæ лæууын. Ныр æрмæст зынгсирвæзтыты тыххæй нæ дзурæм. Уый фæдыл профилон уагдæттæ кусынц, иумæ дæр уæдæ архайынц. Фæлæ арæх афтæ рауайы æмæ сæ куыстæй хорзæй ницы фенæн вæййы. Уый хуымæтæг цæрджыты ныхæстæм гæсгæ. Зæгъæм, дзæуджыхъæуккæгтæ цалдæр къурийы хъаст кæнынц уалдзæгмæ бæлæстæ куыд бахсæстой, уымæй. Куыд зæгъынц, афтæмæй горæты æддагбакаст афтæмæй зынгæ æвзæрдæр æмæ фыдбуынддæр кæны. Сæрмагонд службæ, дам, бæлæстæм базылд, сæ къалиутæ сын бахсæст æмæ дзы æрмæст сæ хъæдтæ аззадысты, зæгъгæ. Бæрнон кусджытæ, ацы фарстайы зæрдæхсаинагæй ницы уынынц. Дзæуджыхъæуы администрацийы фæлгонцад æмæ цъæхфæлысты разамынды хицау Бицъоты Сослан куыд загъта, афтæмæй бæлæстæ кæй бахсæстой, уым уа-диссагæй ницы ис. Бæлæстæм чи зилы, уыцы сæрмагонд службæ у куыстуат «Владвест». Цалынмæ бæлвырд бæрæнæггæнæтæ не`сфидар кæны æмæ фæтк не`скæны, уæдмæ кусын нæ райдайы. Афтæ куы рауацы, ома сæ æгæр бахсæдынц, ууыл уый сразы ис. Фæлæ фæнысан кодта, бæлæстæн тæссаг кæй нæу. Ацы аз цы куыст бакодтой, уымæ гæсгæ иунæг зайæгой дæр хъыгдæрд нæ баййæфта. Боцъоты Сослан ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй къуыри размæ бафыста уынаффæ, цæмæй æхсæдыны сезон сæхгæной. Уый та ууыл дзурæг у æмæ уæдæй фæстæмæ бæлæстæм æвналæн нал ис. Фæлæ, цæмæдæр Ленины номыл уынджы ногæй уыцы куыст кæныныл схæцыдысты. Уымæн та Дзæуджыхъæуы админстарцийы радтой ахæм дзуапп: сæрмагонд службæйæ уæлдай ма бæлæстæ æхсæдынц адæм сæхæдæг, кæнæ хи куыстуæттæ дæр. Уыдонмæ та админстарци ницы бар дары. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æндзон зынгсырвæзтытæй тæссаг вæййы æгас Уæрæсейы дæр

Категория:

Новости и СМИ