Цæгат Ирыстоны цæрджыты азымджын кæнынц банчы хыгъдтæй 2 милуан сомы кæй адавдтой

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дыууæ цæрæджы дзуапп дæтдзысты тæрхондоны раз. Азымджын сæ кæнынц Уæрæсейы æндæр регионтæй цæрджыты банчы хыгъдтæй 2 милуан сомы кæй адавдой, уымæй. Республикæйы прокуратурæ снысан кодта уголовон хъуыддаджы кæронбæттæны уынаффæ. Ахст нæлгоймæгты аххосджын кæнынц цалдæр фыдракæнды кæй сарæзтой, уый тыххæй. Хъуыддаджы æрмæджытæм гæсгæ азымджынтæй иу ахæстоны бадгæйæ æрымысыд пълан, цæрджыты банчы хыгъдтæй æхцайы фæрæзтæ куыд хуыздæр адавдæ уа, ахæм. Комерцион банкты сæрмагонд компютерон программæимæ архайын хорз кæй зыдта, уымæ гæсгæ йæ бон уыд, банчы лæггæдтæй чи пайда кодта, уыцы адæмы тыххæй хъæугæ информаци базонын. Нæлгоймаг-иу телефонæй бадзырдта банчы клиенттæм. Йæхи-иу схуыдта банчы кусæг. Фехъусын сын-иу кодта, сæ банчы картæты куыст сын кæй бауырæдтой, æмæ уымæ гæсгæ хи бæрæггæнæнтæ фехъусын кæнын хъæуы, зæгъгæ. Уый фæстæ нæлгоймаг интернеты тыгъдады балхæдта техникæ. Æхцайы фæрæзтæ та сын-иу бафыста, банчы картæтæй цы æхца фелвæста, уыдонæй. Уый фæстæ-иу йæ æмцæдисонæн фæхабар кодта, йæ æлхæнинæгтæ цавæр дуканийы сты, уый. Техникæ æрбауæй кодтой æмæ æхцайы фæрæзтæ сæ дыууæйы ’хсæн адих кодтой. Афтæмæй фыдгæнджытæ Дæллаг Новгороды, Якутскы, Магаданы æмæ Иркутскы облæсты цæрджыты банчы хыгъдтæ раафтид кодтой, æмтгæй райсгæйæ 2 милуан сомы бæрц. Пъæлицæйæгтæ цыбыр рæстæджы фæстæ сбæрæг кодтой фыдгæнджыты. Уголовон хъуыддаг арвыстой тæрхондонмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны цæрджыты азымджын кæнынц банчы хыгъдтæй 2 милуан сомы кæй адавдтой

Категория:

Новости и СМИ