Радон æмбырд
Цъыккаты Владимиры уголовон хъуыддаджы фæдыл радон æмбырд абон сарæзтой тæрхондоны. Дарддæр фæрсынц, азымджын кæй кæнынц, уыдоны æвдисæнты. Абон фарстой Республикон клиникон рынчындоны нейрохируг Сона Туваковайы. Уый, Цъыккаты Владимиры рынчындонмæ куы баластой, уæд æй фæхæццæ кодта реанимацион хайадмæ. Æвдисæны ныхæстæм гæсгæ, Цъыккаты Владимиры æрбаласта тагъд æххуысы къарет. Аргæ та йæ уынджы скодтой. Фыццаг æркастæй æвдисæн, Цъыккайы-фырты сæр цæф кæй у, уый нæ раиртæста. Æрмæстдæр, йæ къухтæ хъæдгæмттимæ кæй сты, уый федта. Дохтыр куыд загъта, афтæмæй рынчыны Республикон клиникон рынчындонмæ æрбаластой, йæхи æмбæрста, афтæмæй. Фæстæдæр йæ уавæр фæууæзаудæр æмæ йæ уæд сивтой реанимацион хайадмæ. Уымæй уæлдай ма бафиппайдта, рынчындоны пъæлицæйы хайады кусджытæй кæй никæй федта. Реанимацион хайадмæ йæ куы сивтой, уæд æй дохтыр бирæ хæттыты бабæрæг кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Радон æмбырд
Категория:
Новости и СМИ