10 азы размæ Хуссар Ирыстоны райдыдта хæст
10 азы размæ Хуссар Ирыстоны райдыдта хæст. Уæд йæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнынмæ сыстад Аланты байзæдтæгты ног фæлтæр.Æмæ хуымæтæджы нæ, уыдонæй алчидæр йæ зæрдыл дардта 90 азы хабæрттæ,сæ хистæрты лæгдзинад сын уыд дæнцæг. Æмæ кæд тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты, уæддæр дзы уæлахизы сæраппонд иунæг дæр йæ цард нæ бавгъау кодта. Знаджы ныхмæ æрлæууыдысты. Уыцы цыбыр тугкалæн хæсты йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыдоны тыххæй нæ дарддæры æрмæг. 10 азмæ цы æгъдау ныффидар, уымæ гæсгæ Номарæн мадзæлттæ райдыдтой "Музей сожженых душ"-ы цур. 10 азы размæ ацы фæндагыл Цхинвалы цæрджытæ сæ фæрныг къонатæй лыгъдысты æрмæстдæр иу нысанимæ - сæ сывæллæтты , хиуæтты æмæ сæхи удтæ бахъахъхъæнын. Фæлæ знаджы æгъатыр топпы нæмгуытæ никæуыл бацауæрзтой. Уæд сæ хæдтулгæты бирæ адæм фæмардысты. 8 августы æхсæвы Георгийы номыл асины дæр уыдысты мысæн мадзæлттæ. Ам 2008 азы августы зындгонд дирижер Гергиты Валери радта концерт, ахæм хуызы ссардта ацы хæсты чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ. Уымæ гæсгæ дыууæ республикæйæн дæр ацы бынат ахсджиаг ссис. Ацы уæззау бонтæ мысгæйæ, адæм æрбалæууынц кæрæдзийы фарсмæ. Бирæ къамтæ æмæ цырæгътæ, судзæггаг цæссыгтæ æмæ мысинæгтæ. Цæстытыл уайы уыцы æхсæв. Арæзт æрцыд къамтæй равдыст дæр. Ахæм хуызы уæрæсейаг газеты кореспонденттæ равдыстой Хуссар Ирыстон уæд æмæ абон. Уæд уыдысты Хуссар Ирыстонмæ, æрбалæууыдысты ам цы салдæттæ фæмардысты, уыдоны ныййарджыты фарсмæ. Абон сæ номыл хъуысыдысты бузныджы ныхæстæ. Хæсты 5 бонмæ хъæбатырдзинады символ ссис Багаты Амираны сгарджыты къорд. Хъыгагæн, ныр майор Багаты Амиранæн æмæ капитан Джиоты Азæмæт не мбæстæнгты фарсмæ нал сты. Цхинвалы сын сывæрдтой цыртытæ. Ныр сæ нæмттæ æнустæм цæрдзысты Ирыстоны цæрджыты зæрдæты. Сæ хъæбатырдзинад рох нæ уыдзæн, 10 азы размæ майор къамандæ радта, фæстаг туджы æртахмæты знагимæ тох кæнын. Йæ фарсмæ знагæн ныхкъуырд радтынмæ æрлæууыдысты 9 лæппуйы. Æмбæрстой йæ, знагыл нæ фæтых уыдзысты, фæлæ сæ иу дæр фæстæмæ нæ аздæхт. Уыцы бон хъахъхъæнынады министрады рæнхъытæй фæхъуыдысты сæ афицертæн сæ хуыздæртæ. Хуссар Ирыстоны хъæбатыртæ се`сгуыхтдзинад кæм равдыстой, уым сæвæрдтой дидинджытæ. Байхъуыстой Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны гимнтæм. Кады караул та æхсын райдыдта. Фæткмæ гæсгæ 8 августы Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæ кæм фæмардысты, уыцы бынæттыл æрзылдысты. Хъæбатырты уынгыл сæвæрдтой 18-азыдзыд æрыгон лæппу Козаты Левæн цырт, гыццыл фалдæр æфсаддон Плиты Тамазы цырт. 9 августы телеуынынадмæ хæстæг фæмард мидхъуыддæгты министрады кусæг Гæззаты Владислав. Афтæ Цхинвалы алы уынг дæр. Кæдæм нæ акæсай алы ран дæр Уæрæсейы хъæбулты хъæбатырдзинадæн æвдисæнтæ. Рацыд 10 азы, уары къæвда. Чи зоны æрдз дæр немæ судзæггаг цæссыгтæ уадзы 2008 азы чи фæмард,уыдоныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
10 азы размæ Хуссар Ирыстоны райдыдта хæст
Категория:
Новости и СМИ