Цæгат Ирыстоны сараздзысты форум «Армия-2019»
Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт сараздзысты форум «Армия-2019», зæгъгæ, уый мадзæлттæ. Кадджын уавæры сæ байгом кæндзысты 28-æм июны. Уæрæсейы хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгуйы хæслæвæрдмæ гæсгæ сæ сараздзысты нæ бæстæйы алы æфсæддон зылды дæр. Форум цæудзæн æртæ боны. Йæ райдианы мадзæлттæ йын бабæрæг кæндзысты республикæйы разамынды минæвæрттæ дæр. Æнхъæлмæ ма кæсынц Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолимæ. Мадзалы уазджытæн равдисдзысты æфсæддон техникæйы хуызæгтæ. Сæ иумæйаг бæрц форумы хæццæ кæндзæн 90-мæ. Чи `рбацæуа, уыцы адæмæн ма сæ бон бабæрæг кæнæн уыдзæн 9 фæзы. Сараздзысты спортивон æмæ хæдтулгæйыл цæуыны ерыстæ, техникон æркастытæ, æфсæддон архайды кæнгæ мадзæлттæ, кусдзæн дзы быдырон хæрæндон дæр. Бафтауыдзстæм ма уый, æмæ форумы уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц 29-æм æмæ 30-æм июны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны сараздзысты форум «Армия-2019»
Категория:
Новости и СМИ