Дзæуджыхъæуы ацыд республикон чемпионат армрестлингæй
Дзæуджыхъæуы ацыд республикон чемпионат армрестлингæй. 130 спортсменæй фылдæрæн уыд сæ цæттæдзинад равдисыны фадат. Сæ кар - 16 азæй фылдæр. Иууылдæр сты, ацы спорты хуызæй 8 мæйæ фылдæр чи архайы, ахæмтæ. Хуыздæртæ бахаудзысты республикæйы иугонд командæмæ. Апрелы нæ республикæйы кад хъахъхъæндзысты æппæтуæрæсеон ерысты горæт Орелы.