Газ Фиагдоны цæрджытæн
Суг хъæдæй æрхæссын, æрсæттын æмæ йæ бандзарын. Æвæццæгæн æмæ, искæмæ ацы романтикон кусинæгтæ кæнын тынг цæуы, æрмæст Фиагдоны цæрджытæм - нæ! Дæ хæдзары хъармыл æмæ хæринаг кæныныл æрвылбоны мæт романтикæйæ ницыуал ныууадзы. Поселочы цæрджытæ тынг æнхъæлмæ кæсынц, газы хæтæлтæ сæм кæд æрбауаддзысты, уымæ. Нырыккон уавæртæ сæм кæд фæхæццæ уыдзысты, цымæ? Раст рагзаманты куыд уыди, афтæ Фиагдоны хъæуы цæрджытæ дæр алы райсом сæттынц суг, æндзарынц пец æмæ сæ хæдзæрттæ хъарм кæнынц. Хæрæндоны газы баллонтæ лæуынц, агъуысты та - электрон хъармгæнæнтæ. Уæвгæ, пайда сæ ницы ис. Куыд æмбæлы афтæ нæ тавынц, хæдзары температурæ 6 градусæй фылдæр нæу. Суг æмæ æвзалыйæ æндзарын сæ бон нал у. Адæм бæллынц æрмæстдæр иу хъуыддагмæ, цæмæй сæ хæдзæрты фæзына æрдзон газ. Сланты Эдуард - п. Уæллаг Фиагдоны цæрæг: "Ам хъæд нæй, кæцæй ласæм суг. Æлхæнгæ йæ кæнæм. Зымæджы мæ бахъæуы 2 камазы, иуæй иу хат - фылдæр. Алцыдæр æлхæнын хъæуы. Тынг зынаргъ. Фæлæ цы гæнæн ис..." Ног газы хæтæл Уыналæй Фиагдонмæ ауадзыны куыстытæ райдыдтой цыппар мæйы размæ. Газвæндагæн йæ ног къалиу райдайдзæн, Дзуарыхъæуæй Чъребамæ цы сæйраг хæтæлæй цæуы, уымæй. Фæндаг ын акъæртт кæндзысты Æрхоны æфцæгæй Уæллаг Фиагдоны онг. Хæтæлтæ ауадздзысты 8 хæххон хъæуыл. Уыцы-иу рæстæг куыстытæ цæуынц цалдæр раны. Арæзтадмæ лæмбынæг кæсынц. Газы хæтæлтæ сæвæрдзысты 50 км, зæххы сæ арф баныгæндзысты. Стæй сын згæйæ дæр тæссаг нæ уыдзæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй бирæ азты фæлæудзысты. Аразджыты къуылымпы кæны æвзæр боныхъæд дæр. Хæхбæсты тагъд фæивы. Фæлæ уæддæр, куыст цæуы, æмæ цыбыр рæстæгмæ Фиагдоны дæр газ фæзындзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Газ Фиагдоны цæрджытæн
Категория:
Новости и СМИ