Гимназ "Диалог"-ы ахырдзаутæн сарæзтой экскурси æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæйы городокы

Цæлхдурты сæрты сгарæг куыдз Боня ахызт минуты æмгъуыдмæ. Ацы цыппæркъахыгы ном та Кирæ у. Командæтæ æххæст кæны кинологы амынддзинадмæ гæсгæ. Уый у иумæйаг ахуырты курсы хай. Алыхуызон сты. Сæрмагонд урокты та хæслæвæрдтæ зындæр сты. Зæгъæм, тæссаг предмет, хæцæнгарз кæнæ та рæмудзæн æрмæг ссарын. Уыимæ фыдгæнæджы æмбæхст бынаты ссарын æмæ йæ бауромын. Æфхæрдтæ æххæстгæнæн федералон службæйы кинологты городокы ис 15 куыдзы. Дæлхайæдтæ сæ куыстмæ гæсгæ сты цалдæр хуызы. Агурæн, патрулон-агурæн æмæ сæрмагонд хайад — рæмудзæн æрмæджытæ агурыны фæдыл. Специалистты æххуысгæнджытæ фылдæр сты немыцаг куыйтæ. Кинологты ныхæстæм гæсгæ, уыдон сты зондджындæр æмæ коммæгæс. Хаблиаты Константин кинологон службæйы ныридæгæн кусы 8-æм аз. Куыд зæгъы, афтæмæй ацы дæсныйад зын у, фæлæ цымыдисаг. Ацы хатт архайд куыд цæуы, уый федтой гимназ "Диалог"-ы ахырдзаутæ. Фæсивæд кинологты городокы фыццаг хатт сты. Алы куыдзы фезмæлдмæ дæр цымыдисæй кастысты, сæ æнкъарæнтæ æвдыстой æхсызгон къухæмдзæгъдæй. Ныр æй фидарæй зонынц, цыппæркъахыг хæлæрттæн сæ бон бирæ у, уый. Сæйрагдæр та адæймаджы кæй фервæзын кæндзысты, уый. Зынгхуыссынгæнæн- ирвæзынгæнæн хайады та фæсивæд федтой артимæ куыд тох кодтой, уый. Ам ахсджиаг у алы минут дæр. Зынгхуыссынгæнджыты архайд у цæрдæг. Кинолог æмæ зынгхуыссынгæнæджы дæсныйæдтæ, уыимæ уголовон-æххæстгæнæн ситемæйы куысты тыххæй фæсивæд базыдтой бирæ ногдзинæдтæ æмæ сусæгдзинæдтæ. Ахæм экскурситæ та æххуыс сты фидæны дæсныйад равзарынæн.

Иконка канала IRYSTONTV
1 456 подписчиков
12+
13 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии