Мидхъуыддæгты министрады бахыгътой ацы азæ фыццаг кварталы куысты бæрæггнæитæ
Республикæйы Мидхъуыддæгты министрады бахыгътой ацы азы фыццаг квартАлы куысты бæрæггæнæнтæ. Сæрдариуæг дзы кодта Михаил Скоков. Æмбырды архайджытæ байхъуыстой фыдракæндты бæрцимæ, стæй агурæн-сгарæн куыстимæ баст информацимæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй фæкъаддæр уæззау фыдракæндты нымæц, се `хсæн - лæгмæрдтæ æмæ æнæниздзинадæн уæззау зиан хæссыны цаутæ дæр. Кæй раргом кодтой, уыдоны нымæц та уæдæ фæфылдæр. Фæахадгæдæр наркотикты ныхмæ тох, кæд æмæ ма дзы бирæ бакусинæгтæ ис, уæддæр. Барадхъахъхъæнджытæ ма фæбузныг сты, экономикон фыдракæндтимæ куыд архайынц, уымæй. Фæхуыздæр гæртæмттæ исынимæ баст, паддзахадон хицаудзинад æмæ коммерцион куыстуæтты ныхмæ фыдракæндтимæ тох. Афтæ - фыдгæнджыты къордты рохтыл æрхæцыны куыст дæр. Æхсæнадон бынæтты цы фыдбылызтæ `рцæуы, уыдонæн та раргом кæнынц сæ 92 проценты. Æмбырды дзырдтой фæндæгтыл уавæрыл дæр. Хатдзæгтæ кæныны рæстæг куыд рабæрæг, афтæмæй тæккæ хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыстой Æрыдоны æмæ Дыгуры районты барадхъахъхъæнджытæ. Цæмæй сæ иннæтæ дæр аййафой, уый тыххæй сын радтой бæлвырд хæстæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мидхъуыддæгты министрады бахыгътой ацы азæ фыццаг кварталы куысты бæрæггнæитæ
Категория:
Новости и СМИ