Дзæуджыхъæуы сырддоны цæрæгойтæн зымæгон хорз уавæртæ аразынц

Ацы дзæбидырæн йæ дзæмбы куы фесæфт, уæд ыл цалдæр мæйы цыд. Къæппæджы йын бахауд æмæ йæ лыггæнын бахъуыд. Сырды хъæдмæ ауадзæн нал уыд. Æрбынат кодта горæты сырддоны. Ам ын радтой фæсномыг — Олег. Базылдысты йæм, суанг ма йын протез дæр самал кодтой. Дзæуджыхъæуы сырддоны разамонæг Белеккаты Асланы ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаг æнцон нæ уыд. Специалисттæ сын сæ заказ сæххæст кæнынмæ нæ тагъд кодтой. Уæвгæ, æнхъæл куыд нæ уыдысты, афтæ рауад. Протез ын скодтой, фæлæ дзæбидыр сырæзт, уымæ гæсгæ йын ныгыццыл. Тагъд рæстæджы йын самал кæндзысты ног. Æнхъæлмæ кæсынц ветеринартæм, цæмæй дзæбидыры раст сбарой. Олег сырддоны иунæг нæу. Йæ фарсмæ ма цæрынц маймулитæ æмæ еноттæ. Зымæгон, уазæлтты цæмæй ма фæрынчын уой, уый тыххæй вæййынц æхгæд вольеры. Зæгъын хъæуы уый, æмæ сырдтæ сты хинæйдзаг, уæлдай дæр та еноттæ, зæгъы Аслан. Суанг ма сæ "фыдгæнджытæ" дæр хонынц. Æмæ хуымæтæджы нæ. Зæгъæм, цалдæр мæйы размæ сырддоны кусджытæ бафиппайдтой дзидза чидæр давын кæй райдыдта. Цалынмæ йæ сæхи цæстæй нæ федтой чи уыд, уæдмæ сæ уырнгæдæр нæ кодта. Æмæ кæд сырддоны еноттæ фыдгæнджыты къордмæ хауынц, уæд дзы ис егъаудæр сырдтæ дæр. Уыдон сты сабырдæр. Ацы домбайы ном у Бакс. Чысыл ма куы уыд, уæд æй бынæттон цæрæг æрбахаста. Дардта йæ хæдзары, цалынмæ лæгуын кæнын нæ райдыдта, уæдмæ. Сырддонмæ æрбахауд уæззау уавæры, зæгъы разамонæг. Мæллæг, лæмæгъ æмæ лæгуын. Уæвгæ, йæ ностæ нырма дæр хорз зынынц. Сырдтæн сæ фылдæр сырддонмæ бахаудысты низ кæнæ сæ хицæутты тыххæй. Ис ахæмтæ, æмæ хъæддаг сырдæй хæдзарон скæнын чи сфæнд кæны. Ахæм цæрæгой дарддæр хъæды уæвынмæ нал сарæхсы. Хъæддаг сырды миниуджытæ сæм, кæй зæгъын æй хъæуы баззайы, фæлæ сæхицæн хæринаг самал кæнын сæ бон нал вæййы. Уый тыххæй æрбахауынц ардæм, дзуры Белеккаты Аслан. Афтæмæй, ныр адæмæн сæ бон у базонын цыппаркъахыг хæлæртты хъысмæты тыххæй. Уый тыххæй та æрхъуыды кодтой нырыккон æмæ æнцонвадат мадзал. Сæрмагонд «кьюар код»-ы руаджы базонынц алы сырды тыххæй дæр. Уый æнхъæл ничи уыд, æмæ æрмæст иу арс кæм уыд, уыцы питомникæй æнæхъæн сырддон кæй рауайдзæн. Ацы бынат хъæздыг у алыхуызон цымыдисаг историтæй. Се 'руаджы адæймаг ноджы иу хатт банкъары сырдмæ бæрнон цæстæй кæсын — алкæмæн дæр йæ хæс, кæй у. Абон сырддоны разамынд сæ куысты нæ ауæрдынц сæ тыхтыл, хъахъхъæнынц цæрæгойты сабырдзинд æмæ æнæниздзинад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 461 подписчик
12+
34 просмотра
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии