Сæдæ азы къæсæрæй ахызт

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

9 лет назад

Тогуызты Хадизæт йæ юбилей фарон аз сбæрæг кодта. Сæххæст ыл 100 азы. Йæ царды фæндаг у цымыдисаг æмæ алыхуызон цаутæй хъæздыг. Райгуырд 1917 азы, Гуырдзыйы. Хæдзары уыдысты 10-æй, уыдонæй 8 сывæллæттæ. Йæ мад идæдзæй раджы баззад. æмæсылгоймаг иунæгæй куы баззад, уæд хуыздæр цардагурæг ралыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Æрцардысты Зилгæйы. Куыстой сæ къухтæ æнæруадзгæйæ. Æмбæрстой-иунæг дæр сæ æгуыст хъуамæ ма уа. Хадизæты куыд нæ фæндыд ахуыры ад базонын. Йæ бæллиц уыд – фельдшер суæвын. Сæрмагонд ахуыргæнæндонмæ дæр бацыд. Зонындзинæдтæм фæндаг та æнцон нæ уыд. Йе мбал Венерæимæ иу алы райсом раджы фондз сахаты фистæгæй цыдысты Беслæнмæ. Уырдыгæй та электричкæйыл Дзæуджыхъæумæ. Афтæмæй иу афон суазал, тынг фæрынчын. Æмæ уæдæй фæстæмæ ахуырмæ йæ бон нал уыд цæуын. Фельдшер суæвын йæ бон не баци. Райдыдта хъугдуцæгæй кусын æмæ ахæм арæхсджын æмæ сæрæн уыд, æмæ йын æмбал нæ уыд. Æдзух хуыздæрыл нымад уыд. Хъугдуцæджы куыст дæр æнцон кæмæ кæсы, уыдон рæдийынц. Улдайдæр та уæды рæстæг. Дыгътой къухтæй. Ханиффæ иу сменæмæ дыгъта 30 хъуджы. «Фæллайгæ дæр нæ кодтон» – зæгъы Хадизæт. Æмæ ма бафтауы: «Кусын та бирæ хъуыд: хæдзары, цæхæрадоны æмæ ма колхозы». Хадизæты чи зоны, уыдон та иузæрдион сты: «Ацы сылгоймаг æгæрон тыхæй хайджын уыд». Афтæмæй азты цыдысты. Фыдыбæстæйы Стыр Хæст куы райдыдта, уæд ыл 24 азы цыди. Стырæй-чысылæй къахтой танкты ныхмæ акъоппытæ. Уыдысты фæтæн, цæмæй сыл танкты бон ацæуын ма уа æмæ сæ Дзæуджыхъæумæ ма бауадзой. Хæсты фæстæ Хадизæт смой кодта Дзесты мыггагмæ. Йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой лæппу æмæ чызг. Фæлæ та йын хъысмæт йæ хъæбулимæ бирæ фæцæрыны адæй нæ бафсæста. Йæ фырт уыд науы капитан æмæ йе фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ фæмард. «Уый уыд æппæты саудæр бон» – зæгъы Хадизæт. Ныр цæры йæ чызг Риммæимæ. Кæд ма раздæр йæ бон уыд уынгмæ рацæуын, атезгъо кæнын, уæд абон æрлæмæгъ. Хæдзары бады æмæ чингуытæй йæ мондæгтæ исы. Æрыгонæй йын цы нæ бантынс, уый ныр кæсы. Кæд ыл 100 азы цæуы, уæддæр нырма цыргъцæст у - æппæт литературæ кæсы æнæ кæсæнцæстытæй. Уарзы куыд уырыссаг æвзагыл фыст уацмыстæ, афтæ иронау дæр. Фæлæ йæ мадæлон æвзагыл тынг æнывыд у. Цымыдисæй фæкæсы телевизормæ дæр. Национ телеуынынад кæй байгом, уый базонын ын уæлдай æхсызгон уыд. Хадæзæт йæ зæронд амондджыныл нымайы. Йæ сывæллæтты сывæллæттæ сты 7, уыдоны цот та 11. Æппæты кæстæр Фатимæйыл цæуы 11 мæйы. Йæ кæстæртæ алкæддæр йæ фарсмæ. Рæвдауынц æй, сæ хъарм ныхас ын не вгъау кæнынц. Зæрдиагæй аныхас кæнын та Хадизæт бирæ уарзы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Сæдæ азы къæсæрæй ахызт

Категория:

Новости и СМИ