«Брейн ринг»-ы 19 æм чемпионат кадджын уавæры байгом Дзæуджыхъæуы
«Брейн-ринг»-ы 19-æм чемпионат кадджын уавæры байгом Дзæуджыхъæуы. Ныридæгæн æртæ къæпхæны архайджыты дæр кармæ гæсгæ снысан кодтой. Чемпионаты фæлгæты скъоладзауты `хсæн дæр уыд фыццаг хъазт. Ерысты архайдтой республикæйы алы районæй командæтæ. Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ацы аз хъазты архайын кæй фæндыд, уыдоны нымæц уыд дзæвгар бирæ. Æдæппæтæй 32. Се `хсæн студенттæ, скъоладзаутæ, дзыллон информацион фæрæзты æмæ æхсæнадон минæвæрттæ. Интеллектуалон клуб «Альбус»-ы президент Бориты Жаннæ куыд бафиппайдта, афтæмæй брейн-рингы райрæзтæн республикæйы хъæугæ уавæртæ дæр аразынц. Æнæмæнг хъæуы æмбæлын Уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ скъолаты разамонджытимæ. Ацы аз нын стыр æххуыс уыд президенты грант. Интеллектуалон хъæзтытæ апарахат сты æмæ æнтыстджынæй рæзынц нæ республикæйы 8 районы. Бынаты нын ис хъæугæ кусæнгæрзтæ. Æппæт уавæртæ дæр сарæзтам, цæмæй районы ацы хъазт рæза. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Брейн ринг»-ы 19 æм чемпионат кадджын уавæры байгом Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ