Фæсивæдон форум «Машук» рæхджы йæ дуæрттæ байгом кæндзæн архайджытæн
Афтæ Цæллагты Зауырбег 2017 азы амыдта йæ проект «Фыдæлты мæсгуытæ», зæгъгæ нæ бæстæйы президент Владимир Путинæн. Уæд Цæгат Кавказы фæсивæдон форум «Машук»-ы фыццаг фæлтæр уыд йæ тæмæны. Цæллагты Зауырбеджы проект Уæрæсейы президенты зæрдæмæ фæцыд. 2009-æм азы Цæллагты бинонтæ сцалцæг кодтой сæ мыггаджы мæсыг. Зауырбеджы фæндмæ гæсгæ дзы хъуамæ сарæзтаит этномузей дæр. Æрыгон лæппуйы хъуыдытæй иууылдæр разыйæ баззадысты. Афтæмæй проект рухс куыннæ федта! Гом арвы бын амфитеатр, ныв кæныны дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, поэтикон изæртæ, фестивальтæ æмæ концерттæ æвдисынæн аив бынат. Кадджын уавæры йæ байгом кæнынмæ раивылдысты Уæрæсейы алы къуымтæй. Уыимæ уæлдай ма Цæллагты Зауырбеджы проект «Родовые башни» зæгъгæ рамбылдта преми «Уæрæсейы бархион 2018». Æркасты æдæппæтæй архайдтой 15 000 проекты. Фæсивæдон форум «Машук» алы аз сбæрæг кæны бирæ цæгатирыстойнаг уæлахиздзауты. Гранттæ райсыныл сæ тыхтæ бавзарынц æмæ сæ зонындзинæдтæ равдисынц 2 мин адæймагæй фылдæр. Зæгъæм, Сохиты Ланæ. Уый дæр рамбылдта грант. Йæ проект хуыйны «Ирон хъазт». У зонадон. Бакуыста йыл бæстонæй, æрæмбырд дзы кодта æппæты ахсджиаг æмæ сæйрагдæр фæрстытæ. Йæ саразыны тыххæй йыл бирæ нæ хъуыды кодта. Æххуыс ын фесты йæ бинонтæ дæр. Афтæмæй ныр цымыдисаг хъазт парахат кæны. Зæгъын хъæуы Тауаситы Маринæйы тыххæй дæр. Шоколад æртайын кæны, стæй йæ алыхуызон хъæугæ формæты ныхъæбæр кæны. Уæдæ ма йых гахæ дæр æрхъуыды кæны. Маринæ æвдисы хæрзхъæд шоколад куыд равзæры уый. Æрыгон чызг ацы куыст кæны 2 азы. Куыд зæгъы афтæмæй, йæ куыст бирæ уарзы. Форум «Машук»-ы хуымæтæджы нæ бацархайдта. Ныр сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн, интернаты рауагъдонтæн æмæ æрыгон мадæлтæн æххуыс кæнын. Уымæ гæсгæ сын Маринæ скæны дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Кæдзæхтыл бырыныл æнувыд чи у, уыдонæн та фæзынд фадат сæ уарзон спорты хуызæй зымæджы дæр архайынæн. Ацы аз Дзæуджыхъæуы байгом къæдзæхтыл бырыны центр «Rock Star», зæгъгæ. Кадджын уавæры кусын райдыдта 5-æм январы. Центр байгом кæныны хъуыды разынд, йæ бон æнæ ацы спорты хуызæй цæрын кæмæн нæу, уыцы фæсивæды къордмæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй центр хуыздæрырдæм фæбæрæг уыдзæн нæ республикæйы кæдзæхтыл бырыны спорты хуызыл. Проект саразынæн фæрæзты иу хай райстой фæсивæдон форум «Машук»-ы. Форум ацы аз дæр ахæм бæркадджын кæй рауайдзæн, уый дызæрдыккаг нæу. Уыимæ ма уыдзæн юбилеон дæр. Уый та ууыл дзурæг у æмæ йæ гæнæнт уæлдай уæрæхдæр уыдзысты. Фæсивæд та ног бæрзæндтæм дарддæр тырндзæн. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фæсивæдон форум «Машук» рæхджы йæ дуæрттæ байгом кæндзæн архайджытæн
Категория:
Новости и СМИ