Дзæуджыхъæуы 75-æм рæвдауæндоны байгом кодтой ног цалцæггонд хæрæндон
Дзæуджыхъæуы 75-æм рæвдауæндоны хæрæндон цалцæггонд æрцыд. Ахæм хъуыддаг бантыст амалхъом адæм æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы руаджы. Ныр сабитæн фæзынд фадат рæсугъд, аив æмæ хъарм бæстыхайы сæ рæстæг æрвитын. Хæрæндон сифтонг кодтой, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм кусæнгæрзтæй. Сæвæрдтой дзы ног пец, уазалгæнæн, дзул лыггæнæн æмæ стъæлттæ. Рæвдауæндоны разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъуыддагæй разыйæ баззад алчидæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 75-æм рæвдауæндоны байгом кодтой ног цалцæггонд хæрæндон
Категория:
Новости и СМИ