«Сыгъзæрины тæфсæг»
«Сыгъзæрины тæфсæг» Ирыстоныл бахæцдзæн æви нæ? Уыцы хъуыдытæ адæмы `хсæн апарахат сты Уæрæсейы егъаудæр информацион агентадты хъусынгæнинаджы фæстæ. Амынд дзы куыд ис, афтæмæй, дам, Ирыстоны хæхты ссардæуыд, сыгъзæринимæ хæццæ чи у, ахæм æрзæт. Дзырдæн хастой геологты хъуыдытæ. Сæ иртæстытæм гæсгæ, уыцы бæрæггæнæнтæ æнæбындур не сты. Цас раст сты уыцы ныхæстæ æмæ кæд абалц кæндзысты æрзæтыл цуангæнджытæ Ирыстонмæ. Уымæй мах бафарстам, агентадтæ кæй ныхæстыл æнцайынц, уыцы специалисты. Абон телефонæй аныхас кодтам Цæгат Кавказы куыстадон-геологон иугонд «Росгеология»-йы сæйраг геолог Туаты Олегимæ. Цы нын радзырдта, уымæ байхъусут. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Сыгъзæрины тæфсæг»
Категория:
Новости и СМИ