Адæмы удæнцойæн
1-æм июнæй фæстæмæ таксофонæй нæ бæстæйы алы горæттæм телефонæй адзурынмæ æхца фидын нал хъæудзæн. Уый тыххæй фехъусын кодтой «Ростелеком»-ы. Ацы акцийы сæйраг нысан у, цæмæй дард хъæутæ æмæ горæттæ бастдзинады лæггæдтæй цух ма `ййафой. Раздæр æнæ картæйæ адзурæн уыд æрмæстдæр тагъд æххуысы къаретмæ, пъæлицæйы кусджытæм æмæ ирвæзынгæнджытæм. Ныртæккæ фадат ис ахæм хуызы æндæр горæтмæ адзурынæн хиуæттæм æмæ хæлæрттæм. Цæгат Ирыстоны "Ростелеком" лæггад кæны 200 таксофонæй. Уыдон сты нæ республикæйы алы горæттæ æмæ хъæуты. Се `хсæн, зæгъæм, Гуысыра, Уæллаг Задалеск, Къæмынтæ, Нар, Зынцъар, Гæлиат æмæ æндæртæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Адæмы удæнцойæн
Категория:
Новости и СМИ