Дзанайты Барис фембæлд республикæйы цæрджытимæ
Дарчиты Надеждæ цæры Цыколайы. Хъæуы, Арсæгты Горгайы номыл уынджы кæцыдæр хайыл асфальт нæй. Къæвдайы рæстæг ууылты хæдзармæ бахауын тынг зын вæййы. Уавæрæй тыхсынц хæдтулгæты шофыртæ дæр. Районы сæргълæууæг Лагкуты Омар куыд радзырдта, афтæмæй ивгъуыд аз ацы уынг километры бæрц бындуронæй цалцæггонд æрцыд. Ацы аз ма базилдзысты ноджы 900 метрмæ. Куыстытæ æххæст кæнын райдайдзысты хæстæгдæр рæстæг. Республикæйы дыууæ цæрæджы æрбацыдысты медицинон æххуысы фæдыл. Хъæуы сæ цæрынæн ахсджиаг зынаргъ хостæ. Фыццаг цауы ныхас цæуы «Оземпик»-ыл. Уый сæкæрнизимæ пациенттæн хъæугæ препарат у. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр ныфс бавæрдта, регион ацы хос фаг кæй балхæндзæн, уымæй. Иу ахсджиаг хос ма хъæуы стæм низ сдзæбæх кæнынæн. Тебиаты Сослан куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы къорды пациенттæм уæлдай цæстдард ис. Фæрæзтæ радих кæнынц æнæкъуылымпыйæ, уымæ гæсгæ хостæ дæтдзысты афоныл. Дзæуджыхъæуы цæрджытæ ма фæсидтысты ноджы иу курдиатимæ - 40-æм скъолайы алыварс æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ рацаразын. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй скъола фæнд кæнынц бындуронæй сцалцæг кæнын. Ахуырадон кусæндонтæм уæлдай цæстдард ис. Цæрджытимæ фембæлды куыд сбæрæг, афтæмæй Къостайы проспекты авиакассæты 'рдыгæй райдайдзысты нывылгæнæн куыстытæ. Мæздæджы районы Веселое хъæуы цæрæг куры, цæмæй сын дондзæуæн хызæгтæ сцалцæг кæной. Фарста аиуварс кæндзысты афæдзы кæронмæ. Арæзтадон компаниимæ ныридæгæн контракт бафыстой. Æхцайы фæрæзтæ рахай кодтой. Ныртæккæ æлхæнынц хъæугæ æрмæджытæ. Майы астæу цалцæгмæ рахиздзысты. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй республикæйы цæрджыты курдиæттæ æмæ фарстатæ аиуварс кæнын у хицауады фыццаградон хæс. Æппæт курдиæттæ дæр сты республикæйы хицауады бæрны.