Сергей Меняйло видеоконференцийы 'руаджы архайдта парти "Иугонд Уæрæсе"-йы Генералон советы Президиу
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг, парти "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайады секретарь Сергей Меняйло видеоконференцийы 'руаджы архайдта парти "Иугонд Уæрæсе"-йы Генералон советы Президиумы æмбырды. Мадзал амыдта Генералон советы Секретарь Андрей Турчак. Хатдзæгтæ скодтой Уæрæсейы президенты æвзæрстытæн. Андрей Турчак куыд радзырдта, афтæмæй нысангонд æрцыд историон бæрæггæнæн. Æмткæй схъæлæс кодтой 76,2 млн адæймаджы. Спикеры ныхæстæм гæсгæ, Парти йæ размææвæрд хæстæ сæххæст кодта. Дæрддзæг хуызы схъæлæс кодта æппынкъаддæр 30 млн æвзарæджы. Æмбырды рæстæг ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацы аз 21-æм мартъийæ 26-æм маймæ ацæудзысты алы æмвæзадыл æвзæрстытæм кандидаттыл рагагъоммæ хъæлæс кæныны бонтæ. Сæйраг къæпхæн та — сентябры, хъæлæс кæныны иумæйаг бон. 40 регионы æдæппæтæй кусдзæн 67 æвзарæн кампанийы. Уыдзæн дзы 25 мин майдатæй фылдæр. Фæнысан кодтой, "Иугонд Уæрæсе"-йы рагагъоммæйы æвзæрстыты цалдæр кандидаты сты Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Партийы сæ цæттæ кæнынмæ уæлдай æргом аздахдзысты.