Беслæны теракты амæттæгты мысыдысты, Турчы чи цæры, уыцы ирон адæм

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Беслæны теракты амæттæгты мысыдысты, Турчы чи цæры, уыцы ирон адæм дæр. Ахæм фæтк ныффидар кодтой цалдæр азы размæ. Æвирхъау бæллæхыл 15 азы куы рацыд, уæддæр ыл, ай-гъай, сæ къух нæ систой. Ирон адæмы бынæттон æхсæнады сæрдар Хъуысаты Садреттин нын куыд фехъусын кодта, афтæмæй æрæмбырд вæййынц, Турчы ма цы ирон 3 хъæуы баззад, уым. Къорд азы размæ ацы ран ныссагътой бæлæстæ, теракты чи фæмард, уыдоны номыл. Ирон адæмæй иутæ сæмбæлынц Стамбулæй æмæ хæстæг рæттæй, иннæтæ та хъæутæм сæ ных саразынц Анкара æмæ иннæ горæттæй. Мысæн мадзалы фæархайынц стырæй-чысылæй, сылгоймагæй-нæлгоймагæй. Ссарынц царæфтыд амæттæгты рухс нæмттæ, радзурынц сæ мысинæгтæ, æмдых-æмзондæй фæбæрæг кæнынц терроризммæ се `нæуынондзинад. Сæ дæргъвæтин фæндагыл сæ иу дæр фæсмон нæ фæкæны, уымæн æмæ йæ зонынц - Беслæны скъолайы йæ бон кæуыл баталынг, уыдоны хъизæмæрттæн абарæн дæр ницæимæ ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Беслæны теракты амæттæгты мысыдысты, Турчы чи цæры, уыцы ирон адæм

Категория:

Новости и СМИ