Ирон нæмттæ - санкциты номхыгъды
Америкæйы разамынд санкцитæ цы адæймæгтыл сæвæрдта, уыдоны номхыгъды фæзынд ирон мыггæгтæ дæр. Номхыгъдмæ бахастой, сæ хъуыдымæ гæсгæ, Владимир Путинмæ хæстæг чи у, ахæм адæмы. Санкцитæ сарæзтой алыхуызон политиктæ, хъæздыг æмæ амалхъом адæмыл. Бахастой сæм не `мзæххонтæ Хъесаты Игорь æмæ КъАциты Сергейы. Бафыстой ма дзы Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Федералон зылды Олег БелАвенцевы ном дæр. Æдæппæтæй та дзы ис 210 мыггаджы. Ахæм хъусынгæнинаг парахат кæны агентад БлУмберг. Номхыгъдмæ кæй бахастой, уыцы адæмæн фæзындæр уыдзæн Европæйы æмæ Америкæйы банктимæ æмæ алыхуызон организацитимæ бастдзинад аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ирон нæмттæ - санкциты номхыгъды
Категория:
Новости и СМИ