Фæлтæрддзинад - сæйрагдæр
Дæ цард ахуырадæн снывонд кæн æмæ кæстæртæн дæнцæгæн хæссинаг у. Сокаты Бэлæ ныр æнусы `рдæг кусы Дзæуджыхъæуы разамынды институты. Ныффыста дæсгай ахуырадон æрмæджытæ. Йæ куысты фæндагыл уыйбæрц федта, афтæ бирæ зоны, æмæ йæ зонындзинæдтæ канд студентты нæ, фæлæ ма æрыгон ахуыргæнджыты дæр хъæуынц. Цавæр у Сокаты Бэлæйы дæсныйады фæндаг æмæ йыл куыд æрлæууыд, уый зоны не сфæлдыстадон къорд. Бирæ чи фæцард, фылдæр уый нæ зоны, фæлæ бирæ чи федта, уый. Ацы ныхæстæ æххæстæй хауынц Сокаты Бэлæмæ. Ныр 50 азы æвæллайгæйæ фыдæбон кæны. Йæ уарзон дæсныйадыл йæ зæрдæ нæ ивы. Алы урокмæ дæр йæхи бæстонæй бацæттæ кæны. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ студентты фидæныл нæ тыхсы. Арф зонындзинæдтæ сын дæтты. Студентттæ та йæм алкæддæр цымыдисагæй фæхъусынц. Йæ карыл ныхас куы рауайы, уæд та хъæлдзæгæй фæкæны «мне слегка 80», зæгъгæ. Ацы ахуыргæнæг карз ныхас дæр никуы фæкæны. Студенттæ дæр æй тынг уарзынц. Каст фæци Мæскуыйы паддзахадон университет. Йæ дипломы бæрæггæнæнты уыд æрмæст иу 4. Йæ бон уыд æмæ йæ кусынмæ хуыдтой алыхуызон организацитæм. Фæлæ йæ йæ цард сбаста Дзæуджыхъæуимæ. Иунæг бон дæр ууыл фæсмон нæ кæны. Студенттимæ йæхæдæг дæр цыма æрыгондæр фæвæййы, афтæ кæсы Сокаты Бэлæмæ. Фæлтæрдджын ахуыргæнæг æй æмбары - студенттæ йæ æнæхин æмæ зæрдиагæй уарзынц. Ныртæккæ Дзæуджыхъæуы разамынды институты сæхи цæттæ кæнынц кадджын бæрæгбонмæ. Хъуамæ Сокаты Бэлæйы 80 азы юбилейыл кадджынæй сæмбæлой. Бирæ йын бантыст, ныффыста 80 ахуырадон æрмæджы, йæ фæлтæрдзинад та бирæтæн æххуыс у. Йæ царды тыххæй алкæддæр дзуры цавæрдæр æнкъарæнтимæ. Фидæнмæ дæр æм фæндтæ бирæ ис. Цы нæма федта, уый фенын, æмæ цы нæма базыдта, уый базонын. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæстæр фæлтæрæн зонындзиндтæ хъæуы ныры дуджы домæнтæм гæсгæ дæттын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фæлтæрддзинад - сæйрагдæр
Категория:
Новости и СМИ