Лæпп лæпп фæндаг
Дзæуджыхъæуы инæлар Плиты Иссæйы уынджы ивынц, трамвайты рельсыты `хсæн цы къæйдуртæ ис, уыдон. Куыддæр фæхъарм æмæ уæлдæфы температурæ 20 градусæй фæбæрзонддæр, афтæ хуры тынтæм асфальт тайын райдыдта. Бетон къæйдурты бынæй райдыдта писи хъарын æмæ фæндагыл акалд. Цы фистæгæй цæуджыты, цы хæдтулгæты шофырты - ахæм бырынцъаг ахизæнтæ сæ сæ хъуырмæ скодтой. Аххосджын кæнынц аразæг организацийы, сæ куыст æмбæлгæ хуызы кæй нæ бакодтой, уый тыххæй. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис бахæс кодта хæстæгдæр рæстæджы фæндаг банывыл кæнын. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой 5-æм майы æмæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Фæндаг йæ раздæры уавæрмæ раздахыныл архайынц 15 адæймаджы, æрбатардтой сæрмагонд техникæйы 6 иуæджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Лæпп лæпп фæндаг
Категория:
Новости и СМИ