Абон ацыд Уæрæсейы президент Владимир Путины æрвылазон стыр пресс конференци
Эпидемиологон уавæр æмæ æндæр ахсджиаг фарстатæ куыд нæ бæстæйы, афтæ фæсарæнты. Абон ацыд Уæрæсейы президент Владимир Путины æрвылазон стыр пресс-конференци. Фарста раттыны фадат уыд федералон, регионалон æмæ фæсарæйнаг дзыллон-информацион фæрæзты минæвæрттæн. Уый у, Владимир Путин комкоммæ эфиры дзуапп цы фарстатæн ратта, уыдонæй иу. 4 сахатæй фылдæр комкоммæ ныхас. Уыцы рæстæгмæ дзыллон-информацион фæрæзты минæвæрттæ райстой дзуапп сæ ахсджиагдæр фарстатæн. Зæгъæм, пандемийæ бæстæйы экономикæйыл куыд сахадыдта. Президент фæнысан кодта, COVID-19-имæ тох нырма кæй нæ фæци æмæ ныртæккæ тæссаг у омикрон-штаммы парахатæй. Нæ бæстæйы экономикæ æрхауд 3%, фæлæ ныртæккæ фæстæмæ рæзы. Хатдзæгтæм гæсгæ, инфляци уыдзæн рагацау загъдæй къаддæр, цæрджыты æфтиæгтæ та фæфылдæр уыдзысты 3,5%. Дзырдтой вакцинацийы уавæрыл дæр. Президенты ныхæстæм гæсгæ, бæстæйы цæрджытæй COVID-19-ы ныхмæ иммунизаци ацыдысты 59,4%. Уый фаг нæу. Коллективон иммунитетæн хъæуы 80%. Ацы æвдисæнмæ бахæццæ уæвын у ахсджиаг, фæлæ Владимир Путины ныхæстæм гæсгæ, прививкæ скæнын кæй нæ фæнды, уыдон закъонмæ гæсгæ æфхæрын раст нæу. Владимир Путин фæнысан кодта арæзтады къабазы æнтыстдзинæдтæ дæр. Афæдзы дæргъы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыд 90 милуан квадратон метры цæрæнуæттæ. Уыдонæй æрмæст Цæгат Ирыстоны 300 мин квадратон метрæй фылдæр. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 36% фылдæр. Æмбырды рæстæг ма ныхас цыд адæмы заууат хæдзæрттæй ног цæрæн бынæттæм ракæныны программæйыл. Ныртæккæ йæ райрзтыл архайынц. Æхцайы фæрæзтæ рахай кæндзысты. Владимир Путин дзуапдæттæг ведомствотæм фæсидт, цæмæй цæрджытæн æмбæлгæ уавæртæ саразой. Конференцийы рæстæг ма бафарстой песиты тыххæй дæр. Владимир Путин ныхас радта Уæрæсейы пенситæ индексацигонд æрцæудзысты нысангонд инфляцимæ гæсгæ. Ныртæккæ бюджеты фæрæзтæ æвæрд æрцыд пенсийы индексаци 5, 9%, кæд æмæ инфляци гæнæн ис æмæ уа 8%. Фарста раттыны фадат уыд федералон, регионалон æмæ фæсарæйнаг дзыллон-информацион фæрæзты минæвæрттæн. Æдæппæтæй 507 журналисты. Ковиды тыххæй æмбырды архайджытæ фаронимæ абаргæйæ уыдысты дыууæ хатты къаддæр. Цæгат Ирыстоны номæй ацыд газет «Северная Осетия»-ы корреспондент Махъоты Мæдинæ. Фарста раттыны фадат ын нæ фæци, баст ын уыд мыхуыры рауагъдæтты æмæ Уæрæсейы посты æвзæр ахастдзинæдты тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv