Дарддæр та цы?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы парчы сывæллæты цады цур æрдæгарæзт бæстыхайыл абон æрдзурдтой æхсæнадон æркæстыты. Æмбырд цæуы дыккаг хатт. Уый размæ дзы рахастой уынаффæ бæстыхайы арæзтад кæронмæ фæуын. Уыцы куыстытæн та хъæуы 400 милуан сомæй фылдæр. Инвесторты дæр ссардтой. Ацы хатт æхсæнадон æркасты ныхас кодтой бæстыхайæ дарддæр куыд пайда кæндзысты, ууыл. Бæстыхай цы зæххыл лæууы уый сывæллæтты паркæн радих кодтой. Ныр цæмæй бæстыхай дарддæр аразæн уа уый тыххæй Дзæуджыхъæуы арæзтадон регламентмæ бахæссын хъæуы ивддзинæдтæ. Хъуамæ нымад уа рекреацион фæзыл. Уыцы уынаффæ æхсæнад æмæ горæты депутаттæ растыл банымайдзысты æви нæ, уый сбæрæг уыдзæн æхсæнадон æркастыты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, сывæллæты раздæры цады бынаты 13 уæладзыгон бæстыхай æрдæгкондæй ныр 10 азæй фылдæр лæууы. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ, бæстыхай хъуамæ 4 уæладзыгæй бæрзонддæр ма уыдаид. Фæлæ эксперттæ куыд зæгъынц афтæмæй проект аивæн нæй. Бæстыхайы къултæм куы бавналой, уæд йæ бон у æмæ ныккæла. Уымæ гæсгæ йæ фехалыны æххæстгæнæн уынаффæ баурæдтой. Фæлæ бæстыхай абон дæр ма нымад у æрдæгарæзт объектыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Дарддæр та цы?

Категория:

Новости и СМИ