Уналы æххæст кæны 410 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

7 лет назад

Хъæуы цард æнцон кæй нæу, уæлдайдæр хæххон районты, уый ног хабар нæу. Кæд хицауад архайы хъæуы цæрджыты фадæттæ фæхуыздæр кæныныл, уæддæр ацы хабарыл хъæуы нырма дзæвгар бакусын. Нæ абоны æрмæджы уæ хонæм Уæлладжыры коммæ, кæддæр йæ кæрдоты хæрздæф æгас дунейыл кæмæн парахат кодта, уырдæм. Ныр уыцы рæстæджытæ фæстейы аззадысты. Не 'сфæлдыстадон къорд араст Уналы цæрджытимæ аныхас кæнынмæ. Хъæуы уавæртимæ зонгæ кæнæм сымах дæр. Æккæлаты Зойæ Уналы 30 азæй фылдæр цæры. Уыцы рæстæгмæ хъæуы цард зынгæ аивта. Раздæр-иу сæм адæм дæр фылдæр уыди, стæй кусæн бынæттæ дæр. Ныр, хъыгагæн, сæ хъæуы царды уылæнтæ зынгæ æрмынæг сты. Ныртæккæ хъæуы цæрджыты фылдæр хай сты ацæргæ адæм æмæ, куыст кæмæн ис, уыдон. Æдæппæтæй Уналы цæры 200 адæймагæй фылдæр. Бирæтæ дзы дарынц фос, иннæтæ та сæхи снывонд кодтой зæххы куыстæн. Зойæ дæр йæ дыргъдоны зæрдиагæй кусы. Ис йæм чылауитæ, алтъамитæ, фæткъуытæ, стæй бирæ æндæр дыргътæ `мæ халсартæ. Куыд зæгъы, афтæмæй йын уыдон стыр æххуыс сты. Кæд хъæуы цард зынгæ фендæрхуызон, уæддæр æй Зойæ ницæуыл аивдзæн. Адæм цардыуагæн хъæугæ лæггæдтæй æххæстæй ифтонг не сты. Газ сæм нæй. Уымæ гæсгæ тыхсынц. Уналы цы 6 сывæллоны ис, уыдон скъоламæ. Ныр дзы сабитæ уыйбæрц нал ис. Стæй бæстыхай дæр базилинаг у. Уыцы-иу ран æрбынат кодтой фельдшерон-акушерон пункт, почтæйы хайад æмæ администраци. Хъайттаты Валя бирæ азты дæргъы кусы Уналы фельдшерæй. Куыд зæгъы, афтæмæй лæггад кæнынц 123 адæймагæн. Фыццаг медицинон æххуыс райсынмæ сæм æмбæлгæ кусæнгæрзтæ ис. Фæлæ сты зæронд. Уæдæ бæстыхайы кой дæр скодтам. Æрæджы йын йæ рудзгуытæ раивтой. Дон дæр æм бауагътой. Зойæ куыд зæгъы, афтæмæй райдыдтой хъæбæр хауæццæгтæ æмбырдгæнæныл кусын. Уый цæрджыты æнæниздзинадыл, æнæмæнг, хуыздæрырдæм фæбæрæг уыдзæн Хъæуы администрацийы хицау, Мæргъиты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, кæд сæ гæнæнтæ бынтон уæрæх не сты, уæддæр архайынц сæ уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Раивтой дондзæуæн хæтæлтæ. Хæстæгдæр рæстæг базилдзысты фæндæгтæм. Уæдæ газы хъуыддаг дæр кæд искуы размæ фенкъуысид. Уыимæ ма хъæуы фæзындзæн ног куыстуат. Ацы аз Уналæн юбилейон у. Кадджын хъæуыл æххæст кæны 410 азы. Уымæ гæсгæ хъæуы администрацийы фæнд кæнынц егъау бæрæгбон ныззилын. Фехъусын кодтой хъæуæй рацæуæг адæмæн дæр. Æмæ сæ искæмæ йæ фыдыуæзæгмæ истæмæйты фæкæсыны фæнд куы разына, уæд ыл сæхи н` атигъ кæндзысты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уналы æххæст кæны 410 азы

Категория:

Новости и СМИ