Æрæфы районы мидхъуыддæгты министрады хайады уæнгтæ фембæлдысты сывæллæттимæ
Æрæфы районы мидхъуыддæгты министрады хайады уæнгтæ фембæлдысты сывæллæттимæ. Уый сæрмагонд акци «Скажи наркотикам нет» зæгъгæ. Æмбырды архайдтой зындгонд спортсментæ, районæй рацæуджытæ. Спортивон скъолайы тренертæ æмæ ма æхсæнадон кусджытæ дæр. Æмбырд сарæзтой тымбыл стъолы хуызы. Уазджытæ сывæллæттæн радзырдтой спорты бæрзæндтæм тырнын æнцон кæй нæу, уый. Уæдæ царды фæндаг дæр ссарын æнæиз царды уаджы фæрцы æнцондæр у. Сывæллæттæ дæр цы фæрстытæ сæ цымыдис кодтой, уыдонæн дзуапп райстой. Мадзал амидингæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ахæм фебæлдтытæ фæсивæды хсæн хъуамæ пайда уой. Фидæны сæ фæнд кæнынц арæхдæр кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрæфы районы мидхъуыддæгты министрады хайады уæнгтæ фембæлдысты сывæллæттимæ
Категория:
Новости и СМИ