Абырсдзыстæм сæ!
Цæгат Ирыстоны райдайдзæн æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй "Алантæ", зæгъгæ. Ацы аз æхцайы хуызы лæвæртты фонд у 100 мин доллары. Сæ тыхтæ æвдисдзысты иугонд командæтæ дунейы 15 бæстæйæ. Командæтæ ныридæгæн æрцыдысты нæ республикæмæ æмæ сæхи цæттæ кæнынц ерыстæм. Кæронбæттæны тренировкæ федта не сфæлдыстадон къорд дæр. Турнирмæ цалдæр боны йедтæмæ нал баззад. Фæстаг тренировкæтæ сæ тæмæны бацыдысты. Чи ма йæ дæсныдзинадыл кусы, чи йæ уæзмæ `фтауы. Спортсментæн сæ фылдæр гауызмæ рацæуы сæ фæлтæрддзинад иннæтæн равдисыны, стæй ма ног исты базоныны тыххæй. 14 иугонд командæйы, се хсæн Америкæ, Гуырдзыстон æмæ Ираны минæвæрттæ, ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй Æппæтадæмон турнир "Алантæ"-йы архайынмæ. Æрфысым кодтой Хæдарцаты Асланы номыл хъæбысхæсты академийы. Æгас дунейыл дæр хъæбысхæсты ирон скъола хъуыстгонд у. Хъæбысхæстæй æппæтадæмон турнир "Алантæ" арæзт цæуы Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Уыдзæн ацы къуырийы кæрон. Рахонæн æй ис ацы азы æппæты стырдæр спортивон цау, зæгъгæ. ъæбысæй хæцджытæ цæттæ сты спортивон фембæлдтытæм. Куыд зæгъынц, афтæмæй спорты хатдзæгтæн рагацау никуыд ис сбæрæг кæнæн. Уæвгæ уый сæйраг нæу - ахсджиагдæр у спортсменты `хсæн хæлардзинад æндидзын. Гено Петриашвили, уæгъдибар хъæбысхæстæй гуырдзыстоны иугонд командæйы архайæг : «Мах цæттæ стæм тох кæнынмæ, нæхи равдисынмæ. Не мбæлттæ нæ хорз суазæг кодтой, кæрæдзиуыл тынг æнувыд стæм, уарзæм нæ кæрæдзийы. Нæ адæм сты хæстæг кæрæдзимæ. Мæнæн тынг вазыгджын у, Цæгат Ирыстонмæ кæй æрбахаудтæн, уый». Наталья Воробьева сæрмагондæй æрбацыд Цæгат Ирыстонмæ йæхи бацæттæ кæнынмæ. Ам ис æппæт хъæугæ фадæттæ спортсментæн. Наталья бирæ ерыстæм цæттæгæнæн лагерьты уыд æгас дунейы. Фæлæ йæм нæ республикæйæ хуыздæр иу ран дæр нæ кæсы. Турниры бацархайыны бар ын нæй. Уымæн æмæ дзы сæ тыхтæ æвзардзысты æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Фæлæ чызг йæ зæрдæ дары, хæстæгдæр фидæны йын йæ тыхтæ равдисыны фадат кæй фæуыдзæн. Наталья Воробьёва, спорты сгуыхт мастер уæгъдибар хъæбысхæстæй, Европæйы, дунейы æмæ олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау: «Тынг мæ фæндид, цæмæй турнир амидингæнджытæ сылгоймæгты дæр ерыстæм бауадзой. Цæгат Ирыстоны сылгоймæгты хъæбысхæст ис, уæдæ Уæрæсейы дæр афтæ. Тынг цин кæнин, иу цалдæр уæзы уæддæр куы скæниккой сылгоймæгты хъæбысхæст». Ерыстæ цæудзысты дыууæ боны. 8-æм декабрмæ нысангонд сты рагагъоммæйы æмæ æрдæгфиналы фембæлдтытæ. 9-æм декабры та уыдзæн финал. Ерыстæ хъуамæ рауайой цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ. УУыл дызæрдыг ничи кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абырсдзыстæм сæ!
Категория:
Новости и СМИ