Битарты Вячеслав кусæг балцы ацыд Мæздæджы районмæ
Нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав кусæг балцы ацыд Мæздæджы районмæ. Куыд загъта, афтæмæй алы къуырийы цыппæрæмы дæр йæ куыст баст уыдзæн ацы районимæ. Битарты Вячеслав æркаст, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы объектты уавæрмæ. Фембæлд адæмимæ. Зæгъæм, станицæ Павлодольскæйы йæ фысым уыд Ольга ЯровАя. Сылгоймагмæ ис хи хæдзарад, дары стурвосы 40 сæры. Кусы йæхæдæг. Раздæр ын æххуыс кодтой йæ сывæллæттæ. Фæлæ ныр йæ цот йæ цуры не сты æмæ сылгоймаг фæкæсынцух у. Ольгæ тыхсы, йæ хæдзарады фæзуат егъау кæй нæу, уымæй дæр. Æххуысмæ бахатыд республикæйы сæргълæууæгмæ. Битарты Вячеслав ма бабæрæг кодта районы поликлиникæйы онкодиспансер дæр. {ДИСПАНСЕР} Дзæуджыхъæуы медицинон уагдоны мæздæггаг хайад кусы æнæххæст 2 къуырийы. 2000 цæрæгæй фылдæр-иу æххуысы тыххæй цыдысты Дзæуджыхъæумæ, кæд сæ хосы рафыст хъуыд, уæддæр. Ныр ахæм лæггæдттæ ис райсæн бынаты. Филиалы кусы 2 дохтыры æмæ 2 медицинон хойы. Районы авналæнтæ фæуæрæхдæр сты. Республикæйы сæргълæууæг ма фембæлд цæрджытимæ, ацы сахатмæ та йæ куыст баст у Хъызларимæ. Поселочы аразынц фельдшерон-акушерон пункт. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав кусæг балцы ацыд Мæздæджы районмæ
Категория:
Новости и СМИ