Цæгат Ирыстоны 83-аздзыд пенсиисæг цæстфæлдахджыты митæй хъыгдæрд баййæфта
Нæ редакцимæ курдиатимæ фæсидт Дзæуджыхъæуы цæрæг. Пенсиисæг Гусалты Зæринæ. Мидхъуыддæгты министрады раздæры кусæг у. Ныртæккæ цæры иунæгæй. Сылгоймагæн йе `нæниздзинад хъыгдæрд у, зынтæй цæуы. Гусалты Зæринæйы фатер 4-æм уалыдзыгыл ис. Уый пенсиисæгæн хæссы бирæ къуылымпыдзинæдтæ. Сылгоймаг сфæнд кодта йæ фатер ауæй кæнын, цæмæй фыццæгæм уæладзыджы ног цæрæнбынат балхæна. Гæххæтытæ цæттæ кæнын куы райдыдта, уæд раиртæста йæ фатеры хицау кæй нал у, уый. Гусалты Зæринæйыл 83 азы цæуы. Йæ царды фылдæр хай фæкуыста мидхъуыддæгты министрады. Фыццаг Цæгат Ирыстоны, фæстæдæр та Донецкы. Ныртæккæ сылгоймаг зынтæй цæуы. Йæ фатер 4-æм уæладзыгыл ис. Уырдыгæй уынгмæ рахизын йæ бон хибарæй нæу. Дыууæ мæйы размæ Гусалты Зæринæ сфæнд кодта йæ фатер ауæй кæнын æмæ ног цæрæнуат балхæнын, фыццæгæм уæладзыджы. Хъуыддаг сæрмагонд гæххæтытæ бафыссынмæ куы æрхæццæ, уæд сбæрæг сылгоймаджы фатер уæйгонд кæй æрцыд, уый. Сылгоймаг æвæстиатæй фæхабар кодта пъæлицæмæ. Куыд зæгъы, афтæмæй æм æрбацыд участковый. Уымæн хъуыддаджы тыххæй бæстонæй радзырдта. Сæрмагонд гæххæтытæ йын йæ къухы бакодта. Бæлвырддæр та - æууæнчы гæххæт. Уыимæ ма ауæй æмæ балхæныны бадзырд дæр. Гусалты Зæринæ куыд радзырдта, афтæмæй участковый бардæттæг гæххæтыты кæуыл конд сты, уыцы адæмы дæр ссардта. Уыдон пъæлицæйы кусæгæн куыд бамбарын кодтой, афтæмæй хъуыддагыл куста æнæзонгæ адвокат. Мах бафæндыд сбæрæг кæнын сылгоймаджы фатер цы гæххæтытæм гæсгæ ауæй кодтой, уыдон закъонмæ гæсгæ фыст æрцыдысты æви нæ, уый. Фæлæ интернеты сæрмагонд паддзахадон сыфы бадзырды тыххæй хъусынгæнинаг нæ разынд. Гасанты Альбинæ Гусалты Зæринæйы зонгæ у. Куыд зæгъы, афтæмæй кæд уголовон хъуыддæгты адвокат у, уæддæр ахæм цауыл йæ куысты фыццаг хатт сæмбæлд. Гасанты Альбинæйы хъæддыхæй уырны пенсиисæг цæстфæлдахджыты азары кæй бахауд, уый. Цæстфæлдахджыты гæды митæй Гусалты Зæринæ хъыгдæрд цæмæ баййæфта, уыцы фарстайæн дзуапп не ссардтам. Фæлæ хъуыддаг лыстæг равзарын сфæнд скодтам. Араст стæм æууæнчы мæнг гæххæты цы адрис фыст уыд уырдæм. Дзæуджыхъæуы Малиты Георгийы номыл уынгмæ. Уый у æуæнчы гæххæтмæ гæсгæ пенсиисæджы фатер чи ауæй кодта, уый цæрæнбынат. Хæдзары цæрджытæ камерæмæ фæрстытæн дзуапп раттын не сразы сты. Сæ цæсгæмттæ æмбæхсын райдыдтой. Æнæнхъæлæджы ацы адрисыл разынд сылгоймаг. Хуызæй уыд Плиты Раисæйы хуызæн. Гусалты Зæринæ уый схуыдта адвокат. Сылгоймаг уый кæй у, уый баззыдтам фæстæдæр. Кадрты йæ куы баззыдтам, уæд. Кæд æмæ нын бынаты сылгоймаг йæхи нæ раргом кодта, уæд. Ацы зын хъуыддаг райхалыныл дарддæр архайдзысты мидхъуыддæгты министрады кусджытæ. Фæлæ раст зæгъгæйæ, кæд? Уый бæрæг нæма у. Уæдæ Гуысæлты Зæринæйы курдиат кæм ис уый сбæрæг кæнын дæр нæ къухы нæ бафтыд. Слестгæнæн комитеты куыд бамбарын кодтой, афтæмæй курдиат арвыстой прокуратурæмæ. Уым куыд фехъусын кодтой, афтæмæй гæххæтытæ арвыстой Мидхъуыддæгты министрадмæ. Уым та афтæ зæгъынц, гæххæтытæ æрвыст æрцыдысты Слестгæнæн комитетмæ. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 83-аздзыд пенсиисæг цæстфæлдахджыты митæй хъыгдæрд баййæфта
Категория:
Новости и СМИ