Хъахъхъæнынмæ цæттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Æфсадмæ кæмæ фæсидтысты, ахæм 56 æрыгон лæппуйæн та абон сарæзтой кадджын мадзал. Уыдон райсом араст уыдзысты, службæ кæм кæндзысты, уыцы рæттæм. Ахæм мадзал арæзт æрцыд фыццаг хат, нæ республикæйы разамынды хъæппæрисæй. Ахæм рæсугъд уавæрты сын фæндараст кæй загътой, уый фæсивæды разæнгард кæндзæн, цæмæй сæхи æфсады хорз равдисой, æмæ фæстæмæ Ирыстонмæ сæрыстырæ ссæуой, уымæ. Цæгат Ирыстоны æфсæддон комисар Марат Пашаев куыд загъта, афтæмæй Ирыстонæй ацы хатт службæ кæнынмæ ацæудзысты 700 лæппуйæ фылдæр. Мæнмæ гæсгæ, ацы мадзал сын тынг æхсызгон у. Уымæн æмæ, кæд ныр сæ зæрдæтæ æхсайынц, ома разæй сæм цы æнхъæлмæ кæсы, уымæ, уæддæр сын ахæм фæндараст кæй зæгъæм, уый сын æххсызгон у. Уыимæ ма, ахæм мадзал ахсджиаг у сæ ныййарджытæн дæр. Иууылдæр æй æмбарынц, æфсады службæ кæнын кæддææриддæр кадджын кæй уыд уый. уæдæ куыст дæр, æнæ æфсæддон æвдисæндарæй, зын ссарæн у. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъахъхъæнынмæ цæттæ

Категория:

Новости и СМИ