Уырыссаг аивады музейы ацыд дыууæ чиныджы презентаци
Абон ма Абайты Васойы номыл Уырыссаг аивады музейы ацыд дыууæ чиныджы презентаци. 1990-азты кæрон Абайты Васо йæ ахуыргæнинаг Гусалты Виталиимæ сфæнд кодта йæ куыстыты æмбырдгонд рауадзын. Цыппар томæй рухс федтой æрмæст дыууæ. Цалдæр азы размæ разындысты æртыккаг æмæ цыппæрæм томты æрмæджытæ. Уæд фæзынд хъуыды лингвисты 120-азмæ фыццаг дыууæ томы ногæй ныммыхуыр кæнын иннæ дыууæимæ. Дыккаг рауагъдыл бакуыста Цыбырты Людвиг. Ис дзы Жорж Дюмезиль æмæ Абайты Васойы 69 фыстæджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv