Фидар æмгуыстад

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æрмдæсныты Ассоциацитæ бафыстой æмгуыстады бадзырд. Уый тыххæй хъусын кæны промышленность æмæ транспорты министрады пресс-службæ. Дыууæ кусæндоны æмархайд кæндзысты Уæрæсейы аивадон Æрмдæсныты равдыст-армукъа «Ладья. Зимняя сказка», зæгъгæ, уый фæстæ. Бадзырдмæ гæсгæ, дыууæ ассоциацийы æнгомæй фыдæбон кæндзысты æрмдæсныты куыстытæ хъахъхъæнын, дæсныйад сæндидзын æмæ райрæзты тыххæй. Хъуамæ аразой ахæм мадзæлттæ дæр, цæмæй абоны уавæрты сæ куыст бынтон ма бамынæг уа, цæмæй сын сæ æрмдзæфимæ зонгæ уой суанг фæсарæнты. Фæнысан кæнын хъæуы уый, æмæ бадзырд бафыссыны фæстæ Цæгат Ирыстоны ассоциаци суыдзæн Уæрæсейаг минæварады æххæстбарджын уæнг. Нæ республикæйы æрмдæснытæн фадат уыдзæн сæ бартæ федералон æмвæзадыл хъахъхъæнынæн дæр. Уæдæ хъуамæ финансон æгъдауæй дæр зынгæ фæрæвдздæр уой. Уæрæсейы ассоциацийы ма зæрдæ `вæрынц, нæ республикæмæ равдыстытæ аразынæй æмæ продукцийы рекламæйæ кæй фæкæсдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фидар æмгуыстад

Категория:

Новости и СМИ