Зындоны цæхæр
22-æм мартъийы 86 азы размæ нацистон Германийы сарæзтой фыццаг концентрацион лагерь. Хуынд Дахау. Фæзынд 1933-æм азы Мюнхенмæ `ввахс. Уый уыд, ахст адæмы хъизæмарæй кæм мардтой, ахæм «дæнцæгæн хæссинаг», кæд æй афтæ схонæн ис, уæд фыццаг лагерь. Уым адæмы тухийæ мардтой æрмæст нæмын æмæ буары рыстытæй нæ, фæлæ ма психологон æгъдауæй дæр. Иудзырдæй, 5 мин адæймагыл - уыййас дзы уыд - фашисттæ сæ къæхтæ сæрфтой. Раздæр концентрацион лагеры дардтой Æртыккаг рейхы ныхмæлæуджыты, коммунистты, социалистты æмæ дины кусджыты - нацистон идеологийы фарс чи нæ рахæцыд, уыдоны. Ахæм мадзæлттæ арæзтой, цæмæй уæды ног канцлер Адольф Гитлеры ныхмæ сдзурын уæндгæ дæр мачиуал кæна. Æмбарын та сæ кодтой, ома, дам, уыдонмæ сыгъдæг туг нæй. Уæды рæстæджы Германийы афтæ дзырдтой, ома, дам, цæрыны бар æрмæстдæр генетикон æгъдауæй сыгъдæг æцæг немыцæгтæн ис. Дахауы цард уыд фыдкарз. Тыххæй сæ лæвар кусын кодтой, коммæ чи нæ каст, уыдоны та æгъатырæй æфхæрдтой, суанг марыны 'ввонг. Дахауæн разамынд лæвæрдта æрмæстдæр лагеры хицауад. Ам æрхъуыды кодтой, æгас дунейы кæй базыдтой, уыцы хъулон дарæс - робæтæ кæй хуыдтой, уый. Дыккаг æппæтдунеон хæсты райдианмæ концлагерь ссис бынтон æвирхъау бынат. Уæдмæ сыгъдæг расæты теори фидаргонд æрцыд. Дахауы марын райдыдтой дзуттæгты. Цæй тыххæй куы бафæрсат, уæд - дзуттæгтæй кæй райгуырдысты, уый тыххæй. Бæстыхайы ма сарæзтой медицинон лаборатори дæр. Ам фæлварæнтæ кодтой адæймæгтыл. Иртæстой, марг æмæ газтæй бирæ адæмы куыд амарæн ис, уый. Ахстытæ та сын уыдысты ахадæн хæрдзтæ, раст, цыма, сугтæ сыгътой, уыйау. Æрмæст 1941-42-æм азты `мгъуыдмæ сарæзтой 500 иртасæны удæгас адæмыл. Æдæппæтæй Дахауы ахст адæмы бæрц уыд 250 мин адæймаджы. 70 мин адæймаджы дзы удхарæй амардтой. Сырх æфсæддонтæй-иу уырдæм чи бахауд, уыдоны хыгъды дæр не `вæрдтой. Æвæстиатæй сæ-иу амардтой. Афтæмæй концлагеры æдæппæтæй бацарæфтыд 7 мин советон салдаты. Ныртæккæ Дахауы бынаты байгом кодтой мемориалон комплекс. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Зындоны цæхæр
Категория:
Новости и СМИ