Æфсæнвæнджаджы æмæ авиарейсытæ фæкъаддæр уыдзысты Ног азы бæрæгбæтты
31-æм декабры æмæ 1-æм январы авиакомпани «ЮТэйр»-ы хæдтæхджытæ Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ нæ тæхдзысты. Уымæй уæлдай ма, 1, 3, 5 æмæ 7 январы сæ куыст бауромдзысты горæтгæрон районтæм цæуæг поездтæ дæр. Бæлццæттæн дзы сæ бон ацæуын нæ уыдзæн Беслæнæй Дзæуджыхъæумæ, стæй Беслæнæй Минводтæм. Ахæм уавæр нырмæ никуыма сæвзæрд. Уый хыгъд адæмæн сæ бон спайда кæнын уыдзæн дардмæ цæуæг поездтæй. Промышленносты æмæ транспорты министрады куыд фехъусын кодтой, афтæмæй бæрæгбæтты бæлцæттæ дзæвгар фæкъаддæр вæййынц æмæ уый æхцайæ зиан æрхæссы æфсæнвæндæгты куыстуатæн. Уыимæ ма, куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæг адæм фылдæр пайда кæнын райдыдтой сæхи машинæтæй æмæ таксийы лæггæдтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æфсæнвæнджаджы æмæ авиарейсытæ фæкъаддæр уыдзысты Ног азы бæрæгбæтты
Категория:
Новости и СМИ