Мидхъуыддæгты кусджытæн арæнтæ «базыхъыр» сты
Уæрæсейы мидхъуыддæгты министрад сбæрæг кодта, улæфынмæ йæ кусджытæн цæуыны бар кæдæм ис, уыцы бæстæты номхыгъд. Хæстон-политикон, фыдракæндтимæ баст, санитарон-эпидемиологон æмæ æрдзон уавæртæм гæсгæ æдасыл нымад æрцыдысты 13 бæстæйы. Се 'хсæн: Азербайджан, Сомих, Белорусси, Вьетнам, Казахстан, Киргизи, Китай, Кубæ, Таджикистан, Туркменистан, Узбекистан, Абхази æмæ Хуссар Ирыстон. Уæрæсейы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцевы уынаффæмæ гæсгæ, ацы номхыгъдæй пайда кæнын хъæуы, министрады кусджытæ отпускы рæстæг æндæр бæстæтæм улæфынмæ цæуинаг куы уой, уæд. Нæ бæстæйы туроператортæн дæр ацы уынаффæ æнæзонгæ нæу. Сæ ныхæстæм гæсгæ, кæд Казахстан æмæ Киргизимæ туртæ арæх не 'лхæнынц, уæд Хуссар Ирыстон æмæ Таджикистанмæ та цæугæ дæр ничи кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Мидхъуыддæгты кусджытæн арæнтæ «базыхъыр» сты
Категория:
Новости и СМИ