Æнкъард хабар
Йæ цардæй ахицæн зындгонд кафæг Тебиаты Руслан. Йæ цардæй ахицæн зындгонд кафæг Тебиаты Руслан. Адæм æй зыдтой суанг йæ фæсномыгæй дæр – Беркут, зæгъгæ. Сфæлдыстады фæндагыл æрлæууыд 1961-æм азы æмæ уайтагъд адæмæн йæхи бауарзын кодта йе уæнгты аив фезмæлдæй. Кафыд хъаматимæ. Ансамбль “Алан”-ы йæ курдиат æвдыста 1970-æм азмæ. Фæстæдæр разамынд лæвæрдта Цæгат Ирыстоны филармонийы вокалон-хореографион къорд “Алые маки”, зæгъгæ, уымæн. 1975-æм азы та сси эстрадæйы артистты Æппæтуæрæсеон конкурсы лауреат. Йæ ирд курдиаты тыххæй йын фæстæдæр аргъ скодтой польшæйаг æркаст “Познань 77”, зæгъгæ, уым. 1992-æм азы фæстæмæ кусынмæ `рбацыд филармонимæ. Йæ руаджы Ирыстоны цæрджытæ базонгæ сты æгас бæстæйы аивады зынгæдæр кусджытимæ. Се `хсæн – Алла Пугачева, Владимир Высоцкий, Вахтанг Кикабидзе, Людмила Сенчина, София Ротару æмæ ма бирæ `ндæртæ. Тебиаты Русланæн фæстаг “фæндараст” зæгъдзысты райсом. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнкъард хабар
Категория:
Новости и СМИ