Дзæуджыхъæуы уыд наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд
Наркотикхæццæ медицинон препараттæ æнæзакъон уæй кæныны тыххæй хосты куыст кæныны бартæй цы амалгæнджыты суæгъд кодтой, уыдонæн хъуамæ дыккаг хатт лицензи райсыны бар ма уа. Ахæм хъæппæрис бахаста республикæйы сæргълæууæг наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды. Дзуапдæттæг министрадтæн регионы разамонæг бабар кодта уыцы фарстайыл иумæйагæй æнгомдæр кусын. Арæх вæййы афтæ, æмæ афтектæ сæ куыст дарддæр фæкæнынц хицæн адæмы лицензитæй пайда кæнгæйæ. Афтæмæй, наркотикты ахæсты чи бахауд, уыдонæн æнæзакъонæй тыхджын хостæ фæуæй кæнынц. Ахæм адæмы фармацевтикон къабазы архайынмæ уадзæн нæй - фæнысан кодта Сергей Меняйло. Цæстдарæн органтæ барадхъахъхъæнджытимæ уыцы фарстамæ хъуамæ аздахой уæлдай æргом. Æнæниздзинадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Ольга Давыдовайы ныхæстæм гæсгæ, хостæ уæй кæныны бартæй суæгъд кодтой 6 афтечы. Сæ лицензитæ сын байстой. Наркотикты зилдухы ныхмæ цæстдарды управленийы хицау куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз рабæрæг кодтой тыхджын хостæ æнæзакъонæй уæй кæнынимæ баст 59 цауы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv