Иумæйаг куысты тыххæй «Бузныг»
Тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы управленийы разамонæг Гæцойты Светланæ йæ куыст ныууагъта. Абон куыста фæстаг бон. Уый тыххæй йæхæдæг фехъусын кодта социалон хызы. Гæцойты Светланæимæ бадзырд бафыстой 5 азмæ, ныр йе мгъуыд фæци. Ведомствæйы разамонæг социалон хызты куыд фыссы, афтæмæй кусынмæ йæ хонынц Уæрæсейы регионтæй иумæ. Фæлæ республикæйы сæйраг пъырыстыф Цæгат Ирыстонæй цæуын нæ фæнды. Гæцойты Светланæ раарфæ кодта йе `мкусджытæн, уал азы йæ фарсмæ кæй уыдысты, уый фæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Иумæйаг куысты тыххæй «Бузныг»
Категория:
Новости и СМИ