ЦИПУ-йы студенттæ бахъахъхъæдтой сæ дипломон проекттæ
Суинаг дæсны Кцойты Тамир кæд тыхсы, уæддæр йæ архайд у бæлвырд, кæм цы кæнын хъæуы, уый зоны. Æвзонг лæппу рагæй кусы кондитерæй. Къамисы уæнгтæн цæттæ кæны йæ авторон десерт. Ацы цаумæ æрыгон адæймаг, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты рауагъдон æнхъæлмæ каст цалдæр мæйы. Шоколадимæ бисквит, къофи æмæ æхсыры ликеримæ баиу кæныны хъуыдымæ уайтагъд не 'рцыдысты. Бирæ хойрæгтæ бафæлвæрдтой, æмхæццæ кодтой хъацæнты хуызтæ. Райдианы Тамиры фæндыд "молекулярная кухня"здæхты æууæлтæ равдисын, йæхи цæттæ кодта презентацимæ, фæлæ уæддæр классикæмæ раздæхт. Æмæ дзæгъæлы нæ, десерт рауад æнцон хæрæн, адджын. Кондитеры архайдмæ йæ цæст дардта йæ наукон разамонæг. Хойрæгты технологийы кафедрæйы Доцент Цæгæраты Еленæ куыд зæгъы, афтæмæй æвзæрстой æнхъизæны кондадимæ баст архайд, фæлæ кондитеры куысты æууæлтимæ. Кæронбæттæны рауад æмбал кæмæн нæй, ахæм проект. Алы хъуыддагмæ дæр бæстонæй бацæуы. Йе æргом здахы алы лыстæгдзинадмæ дæр. Хуымæтæг адæймагæн йæ цæст цæуыл не рхæца, уый бæстонæй иртасы дæсны. Уарзы йæ дæсныйад, йæхиуыл кусы, тырны хуызджр суæвынмæ. Дипломон къамис цымыдисæй байхъуыста теоретикон хаймæ, архайдта дегустацийы. Æмткæй æркастысты 12 иртасæн куыстмæ. Алы йы дæр ис цавæрдæр наукон ногдзинæдтæ, спайда кодтой продуктты кондады хицæн технологийæ. Ныр, диплом æнтыстджынæй бахъахъхъæныны фæстæ, Тамир фæнд кæны куысты бынаты йæ десерт сæйраг менюмæ баххæсын. Уыцы иу рæстæг архайы 6 авторон хæринагыл. Иууылдæр сты молекулярон гастрономийæ.