Æнæ сæрæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Шмулевичы уынджы хæдзæрттæй иу арæзт æрцыд ивгъуыд æнусы райдиан. Нымад у, культурон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм объектыл. Бирæфатерон хæдзары ныр чи цæры, уыдоны уавæр зæрдæхсаинаг сси. Арæзтадон компанитæй иу райдыдта хæдзары сæр ивæн куыстытæ, фæлæ сæ хæс кæронмæ нæ ахæццæ кодтой. Бындурон цалцæджы фонд æмæ аразæг организаци аххос сæхимæ нæ исынц. Сæ загъды цæхæртæ та адæмыл æмбæлынц. Зонтыкк дарын кæм хъæуы, уыцы фатертæ бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Цар доны лæсæнтæй фæхъулон, йæ сæрст згъæлын райдыдта. Ахæм уавæры сты бирæуæладзыгон хæдзары фатертæ. Йæ сæр ын къорд рæстæджы размæ ивын райдыдтой, фæлæ куыстытæ афойнадыл кæронмæ нæ фесты. Ныр хæдзары цæрджыты маст фыцы, нæ телекомпанийæн сæ хъæстытæ ракодтой. Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонд æмæ, куыстытæ чи æххæст кæны, уыцы организацийы `хсæн уыд бадзырд. Уымæ гæсгæ, культурон нысаниуæгимæ бæстыхæйтты сæртæ хъуамæ ивд æрцæуой. Æдæппæтæй фондз объекты. Куыстытæ æххæстгæнæг организацийы хъæндзинæдтæ куы рабæрæг сты, уæд сæ фæиппæрд кодтой. Хæдзар та æнæсæрæй аззад. Аразджытæ æхцайы хæрдзты бын фесты. Аххосджыныл сæхи нæ нымайынц. Куыстытæ сын чи бахæс кодта, уыдоныл та тæрхондонмæ балæвæрдтой. Бясты Вадим, æхсæнад «Куырдадз»-ы минæвар: «Сæйрагдæр аххос, мах хъуыды кæнæм афтæ æмæ аукцион кæй рамбылдтам уый кæйдæр зæрдæмæ нæ фæцыд. Ам дзурын хъæуы æргомæй. Къахынц нæ, къæм ныл æвæрынц æмæ уый нæ куыстыл дæр æвзæрырдæм фæзындзæн». Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонды куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй кусджытæ бадзырды домæнтæ æмбæлгæ хуызы нæ сæххæст кодтой. Фыццаджыдæр, куыстытæ бæлвырд рæстæджы æмгъуыдмæ нæ фесты. Ныр фонды хъуамæ ссарой ног аразджытæ - цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ чи ахæццæ кæна, уый. Уæдæ сæ, хæдзары цæрджытæ цы зиан баййæфтой, уый баххæст кæнынæй дæр ничи суæгъд кодта. Бирæфатерон хæдзæртты бындурон цалцæджы фонды дзырд радтой, хæстæгдæр рæстæг куыстытæ кæй фæуыдзысты, уымæй. Цалынмæ дыууæ организацийы кæрæдзийы хъуын-хъис калынц, уæдмæ та уал хæдзары цæрджытæ боныхъæды уавæрмæ кувæггагау кæсынц. Æмæ куыннæ... Ныр сын алы къæвда дæр æцæг хъаймæт свæййы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æнæ сæрæй

Категория:

Новости и СМИ