Куырм ахуыргæнæг
Архонкæйы скъолайы ахуыргæнæг Николай Скрипец гыццылæй нырмæ цæстæй нæ уыны. Фæлæ йын уый къуылымпыйы хос нæ уыд. Райста уæлдæр ахуырад æмæ ныр кæстæртæн у зондамонæг æмæ рухстауæг. Ссис ахуыргæнæг. Йæ хъомылгæнинæгтæ никæмæй цауддæр сты. Сæ къухы æфтынц стыр æнтыстдзинæдтæ. Йæхæдæг та раджы сси Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы номы аккаг. Хæдзарæй скъоламæ фæндаг Николай Скрипец фыццаг къахдзæфæй дæр базоны. Уæвгæ, 37 азы æрвылбон ацы фæндагыл цæуы. Æмæ йын дзы кæд алцыдæр зонгæ у, уæддæр æй йæ уарзон скъоладзаутæ иунæгæй нæ рауадзынц, суанг æй йæ хæдзармæ бахæццæ кæнынц. Уый та уый тыххæй æмæ Николай Скрипец канд хорз ахуыргæнæг нæу, фæлæ ма диссаджы ныхасæмбал. Уый та скъоладзаутæн уæлдай æхсызгон вæййы. 37 азмæ Николай Скрипецæн скъола ссис йæ дыккаг хæдзар, зæрдæйæ йæ бауарзта. Ахуыргæнæджы дæсныйад æвзаргæйæ æмбæрста зын кæй у, уый. Фæлæ равзæрст дæсныйадыл никуы фæфæсмон кодта. Фидарæй йæ уырны - равзæрст цардвæндаг раст у. Фæдæн Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты историкон хайад. Æрбацыдтæн ацы скъоламæ ахуыргæнæгæй. Кæддæриддæр мæ уырныдта мæ зонындзинæдтæ скъоладзаутæн æнæвгъауæй раттын мын кæй бантысдзæн, уый. Ацы предметæй æмбæлгæ ахуырад райсыны гæнæнтæ сын кæй фæуыдзæн. Уæдæ уый мæнæн дæр уыдзæн æхсызгон, уымæн æмæ æз алцæуыл дæр биноныгæй кусын уарзын. Мæ куыст адæмæн хъуамæ пайда хæсса. Николай Скрипецæн скъоладзауты цалдæр фæлтæрæн уарзон ахуыргæнинæгтæн сси. Историйы ахуыргæнæгæн йæ алы урок дæр цымыдисаг вæййы. Уæлдайдæр историон цаутыл дзурын куы райдайы, уæд раст цыма иууылдæр уыцы рæстæгмæ афтынц, скъоладзаутæм афтæ фæкæсы. Суанг ма цавæрдæр темæтыл се хсæн ныхасæй быцæу дæр бацайдагъ вæййы. Ахуырдзаутæ сæ ахуыргæнæджы тынг зондджын æмæ куырыхон адæймагыл нымайынц. Сæхи хсæн æй хонынц «цæугæ энциклопеди». Уымæн æмæ алы фарстайæн дæр дзуапп зоны. Уæлдай тынгдæр та скъоладзауты зæрдæмæ цæуынц æхсæнадзонынады уроктæ. Хъаруджын æмæ кусаг у. Йæ предмет тынг уарзы. Æмæ йæ зонгæ дæр иттæг хорз кæны. Уыдтæн йæ урочыты дæр. Вæййынц тынг цымыдисаг. уыимæ ма скъоладзауты æхсæн æппынæдзух темæтыл зонадон быцæуттæ дæр рауайы. Сывæллæтты хуымæтг хæдзармæ куыстæй нæ бафæрсы, фæлæ сын сæ хъуыдытæм лæмбынæг байхъусы. Ахуыр сæ кæны хъуыды кæнын, историон цаутæм раст цæстæй кæсын. Уроктæ сæ зæрдæтæм цæуынц, уымæн æвдисæн сæ цæстыты цæхæр. Йæ фæлтæрддзинадæн æвдисæн сты йæ хъомылгæнинæгты æнтыстдзинæдтæ. Йæ скъоладзаутæ истори æмæ æхсæнадзонынадæй алыхуызон олимпиадæты æмæ конкурсты иу æмæ дыууæ хатты нæ уыдысты уæлахиздзаутæ. Æмæ уый хуымæтæджы нæу, Цæгат Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы ном кæмæн радтой, уый скъоладзаутæ æнæмæнг уыдзысты тыхджынты æхсæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Куырм ахуыргæнæг
Категория:
Новости и СМИ