Туристон клуб «Молодые ветра», загъгæ ссыдысты Чызджыты хохмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

7 лет назад

Сæрды ралæудимæ адæм сæ ных саразынц денджызы бæлгæрæттæм, кæнæ та хæхбæстæм. Цæгат Ирыстоны æнтысджынæй кусы «Молодые ветра», зæгъгæ туристон клуб. Уый нæ республикæйы цæрджытæн æмæ уазджытæн сæ балцвæд снысан кæны. Цæгат Ирыстоны туристон балцы ацæуын кæй фæнды уыцы адæмы нымæц афæдзæй-афæдзмæ фылдæр кæны. «Молодые ветра», зæгъгæ туристон клуб уыдонæн æххуыс. Уæрæсейы 27-æм июны бæрæг кæнынц фæсивæды бон. Бæрæгбоны агъоммæ туристон клубы уæнгтæ сарæзтой цымыдисаг балц. Хъæни æмæ Тменыхъæуы `хсæн йæ бынат ссардта Чызыты хох. Йæ бæрзæнд у 2823 метры денджызы æмвæзады сæрмæ. Йе фенынмæ ссæуы бирæ адæм. Туристон клубы разамонæг Гуыриаты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй афæдзæй-афæдзмæ сæ нымæц рæзы.  Гуыриаты Зауыр- туристон клуб «Молодые ветра»-йы директор: «Балцы араст сты куыд хистæртæ афтæ сывæллæттæ дæр. Æдæппæтæй 78 адæймаджы. Æдасдзинадмæ сæ хъус дарынц 8 инструкторы. Мадзалы фыццаг хатт чи архайы ахæмтæ дæр ис. Уымæй уæлдай ма ацы балцвæд зонгæ кæмæн у ахæмтæ дæр». Антон Красильников, балцы архайæг: «Раст зæгъгæйæ æз Ирыстоны райгуырдтæн.Фæлæ ахæм мадзæлтты никуы архайдтон. Мæнмæ уазæгуаты ссыд мæ хæлар. Цæгат Ирыстоны фыццаг хатт ис. Балцы тыххæй интернеты баззыдта. Уый мæ сразæнгард кодта балцы бацархайынмæ». Максим Грицук, балцы архайæг: «Æз та балцы арæх вæййын. Ацы хохы тыххæй таурæгъ зыдтон уымæ гæсгæ ардæм балцы ссыдтæн. Хæхбæстæ бирæ уарзын». Мадзал сарæзынмæ сын баххуыс кодтой Цæгат Ирыстоны национ ахастдзинæдты фæдыл министрад æмæ республикæйы туризмы комитеты уæнгтæ. Балцы фенæн уыд алы диаспороты минæвæртты. Таджикагтæй дзы архайдтой архайдтой 8 адæймаджы. Къордæн ма суанг аходæн дæр сцæттæ кодтой. Арсен Худододов, таджикаг диаспорæ «Памир»-ы разамонæг: «Балцы архайджытæн мах сцæттæ кодтам таджикаг пылæу. Йе скæнынмæ цы хойраг хъуыд уый рагацау бацæттæ кодтам». Æрдзы хъæбысы сихор скодтой алы бæстæты минæвæрттæ. Таджикаг пылæуæй сахуыстой Австралийы, Английы æмæ Ног Зеландийы минæвæрттæ дæр Ацы акци сеппæты зæрдæмæ дæр фæцыд. Мах Цæгат Ирыстонмæ ссыдыстæм цалдæр бонмæ. Боныхъæд тынг хорз у. Амы адæм нæ зæрдæмæ цæуынц. тынг зæрдæхæлар æмæ уазæгуарзон сты. Ахæм адджын хæринаг никуыма бахордтам. Мæхи æмæ мæ хæлæртты зæрдæмæ тынг фæцыдис. Мах фæнды базонын уæ историйы тыххæй фылдæр. Кæд боныхъæд цалдæр хатты аивдта. Уæддæр адæмы зæрдæйы ахаст иухуызон уыд. Ахæм акци адæмы æнгом кæны. Ууыл дзурæг у архайджыты нымæц дæр. Амидингæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ дарддæр дæр араздзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Туристон клуб «Молодые ветра», загъгæ ссыдысты Чызджыты хохмæ

Категория:

Новости и СМИ