Хицауады, муниципалитетты æмæ электрон тыхæй ифтонггæнæг службæты минæвæртты æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы
Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав министрадтæй æмæ районты хицауадæй бадомдта, цæмæй электрон тыхы æмæ газы фиддонтæ æххæстæй бафидой. Ацы фарстайыл ныхас цыд Хицауады, муниципалитетты æмæ электрон тыхæй ифтонггæнæг службæты минæвæртты æмбырды. Архайдта дзы парламенты сæрдар Алексей Мачнев, хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ йæ хæдивджытæ. 2019 азы 10 мæймæ фиддонты бæрц фæфылдæр. 2018 азимæ абаргæйæ уавæр 96 процентæй 109% онг фæхуыздæр. Æппæты хуыздæр бæрæггæнæнтæ æвдисы Æрæфы район, сты 145%. Хæсджынты хыгъды фыццаг бынат ахсы Рахизфарсы æмæ Дыгуры районтæ. Рахизфарс хæсджын у 6 милуан æмæ 700 мин сомы, Дыгуры район та 6 милуан соммæ ввахс. «Газпром межрегионгаз Владикавказ» -ы сæйраг директор Хъодзаты Аланы ныхæстæм гæсгæ, октябры мæйæн æппæт районтæ дæр сæ хæстæ бафыстой. Уый у хорз æвдисæн. Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй алы хæдзарады куыстмæ дæр хъæуы лæмбынæгдæр цæстдард. Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министр Тамайты Майран та бафиппайдта, къабазы хæдзарадты цы хъæндзинæдтæ ис, уыдоныл æнæмæнг бакусын кæй хъæуы, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хицауады, муниципалитетты æмæ электрон тыхæй ифтонггæнæг службæты минæвæртты æмбырд уыд Дзæуджыхъæуы
Категория:
Новости и СМИ