Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы 41 скъолайы ахуырдзаутæ кæддæриддæр вæййынц Иумæйаг паддзахадон фæлварæн хорз чи ратты уыдоны хсæн. Фæлæ афтæ сæрæн разындзысты, уый ахуыргæнджыты æмæ скъоладзауты дæр нæ бауырныдтаид. Ацы аз бирæтæ райстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.Скъоладзауты нæдæр камерæтæ бахъыгдæрдтой,нæдæр катайы нæ бацыдысты. Куыд сын бантыст,уый тыххæй нæ дарддæры æрмæджы. Хæмыцаты Лаурæмæ ис бæллиц, фæнды йæ экономист суæвын. Гыццылæй нырмæ, йæ сывæллоны зæрдæ бæллыд ацы дæсныйадмæ. Æмæ ныр фидар къахдзæфтæй цæуы йæ сæххæст кæнынмæ. Æрыгон чызг иумæйаг паддзахадон фæлварæн иттæг хорз радта. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, дзы зынæй ницы ис. Сæйрагдæр у-хиуыл кусын æмæ хæслæвæрдтæ куыд æмбæлы афтæ кæнын, уæд алцыдæр къухы бафтдзæн. 11 «А» къласы 14 рауагъдоны Иумæйаг паддзахадон фæлварæнæй райстой бæрзонд балтæ. Ууыл, кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæнджытæн тынг æхсызгон у. Скъоладзаутæй бирæты уырны , фæлварæнмæ цæттæ кæнгæйæ репетиторты æххуыс æнæмæнг нæу, уый та аслам нæу. цæттæдзинад аразгæ у ахуыргæнæгæн йæхицæн дæр.Уымæн та ацы скъоладзаутæ æвдисæн.Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæнын райдайынц 10-æм къласæй, ахуырадон предметтæй уæлдай ма сын фæзыны уæлæмхасæн ахуыртæ. Уый та уымæн æмæ иумæйаг паддзахадон фæлварæны хæслæвæрдтæй ма тæрсой, æмæ сæм ныфсджындæрæй æвналой. Ахуыргæнджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй,скъола хорз бæрæггæнæнтæ фыццаг хатт нæ равдыста. Уыимæ азæй -азмæ ахæм ахуырдзауты нымæц фылдæр кæны.Уый та сæ разæнгард кæны скъоладзауты фæлварæнмæ хуыздæр цæттæ кæнынмæ, уый фæрцы сывæллæттæ сæ зонындзинæдтæ дæр æмæ арæхстдзинæдæ ныфсджындæрæй равдисынц.41 скъолайы 26 скъоладзауæй 14 нæ бæстæйы сæйраг фæлварæны иттæг хорз бæрæггæнæнтæ кæй райстой,уый у стыр æнтыстдзинад. Скъолайы хицауад зæрдæ дары, фæлварæны хи сæрæнæй æвдисыны æгъдау бирæ азтæм кæй æрфидар уыдзæн, ахуыргæнджытæ та зæрдæ æвæрынц, тынг кæй бацархайдзысты, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ

Категория:

Новости и СМИ