Аргъ цас у?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

8 лет назад

Дзæуджыхъæуы базарты алыхуызон сæрдыгон дыргътæ æмæ халсартæй зæрдæ райы. Фæлæ сæ цымæ алкæй бон дæр балхæнын, у æви нæ? Ацафон хъуамæ хъуамæ асламдæр кæной, фæлæ æдзух афтæ нæ рауайы. Аргъ бирæ цыдæр хъуыддæгтæй аразгæ у. Цавæртæй, уый та бæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Первомайскийы базармæ адæмæй къах бавæрæн дæр нæй. Æлхæнджытæ сæрдыгон фылдæр æргом æздахынц дыргътæ æмæ халсартæм.Æмæ цæуылнæ? Кæд æмæ сæрды асламдæр вæййынц. Фæлæ æлхæнджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй, фаронимæ абаргæйæ зынаргъдæр сты. Базарты æмæ дуканиты афæдзы рæстæгмæ продуктты аргъ иухуызон нæу.Дуканиты вæййынц 10-15 сомы зынаргъдæр. Уæйгæнджытæ ацы хъуыддаг æмбарын кæнынц афтæ, продукты аргъ сбæрæг кæныц сæхæдæг æй цасæй балхæнынц, уымæ гæсгæ. Алы мæй дæр æргъты уавæрмæ хъус дары Росстат. Бæрнады разамонæг куыд зæгъы, афтæмæй, æргътæ къаддæр æрмæстдæр афæдзы рæстæгмæ продукттыл кæнынц. Цæгат Кавказы статистикæйы управленийы разамонæджы хæдивæг Олег Быкадоров: «Пъæмидорты æмæ джитриты аргъ 18 процентæй 32 проценты онг æркъаддæр. Уыцы рæстæг та къабуска æмæ цæхæрайы аргъ кæны фылдæр. Уый та уый тыххæй æмæ базартæм ног азы тыллæг нырма нæма æрбафтыд. Æдзæсгом уæйгæнджытæ дæр æргътыл уый тыххæй схæцынц». Ивгъуыд мæйы æргътимæ абаргæйæ, афæдзы рæстæгмæ дыргътæ асламдæр кæнынц. Зæгъæм, неси кæд уый размæ 50 сомы уыд, уæд ныр та 30 сомы,бирæ дзы куы исай, уæд ма аргъæй ноджыдæр аппардзысты. Нæ республикæйы экономикон рæзты министрады фидарæй зæгъынц, нæ республикæмæ дыргътæ дæр æмæ халсартæ хъуаг нæу. Ласынц нæм сæ бынæттон куыстуæттæ, фæллæ, уæддæр фылдæр продукци исæм сыхаг республикæтæй. РЦИ-Аланийы экономикон рæзты специалист Вера Печеная: «Базартæ нæхи продукцийы фæрцы ифтонг сты 24 проценты бæрц алыхуызон продукттæй, иннæтæ ласæм сыхаг республикæтæй æмæ æндæр рæттæй. Сæрды кæронмæ æргътæ æркъаддæртæ уыдзысты. Уый фæстæ та ног ивддзинæдтæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм». Росстаты-ма фæнысан кодтой, дыргъты æмæ халсарты аргъ сбæрæг кæнынц кæцæй нæм сæ ласынц уым цавæр боныхъæд уыдис, æмæ цас бæркад систой, уымæ гæсгæ. Ацы аз боныхъæдæй зæрдæ райы. Уыимæ бирæтæ зæрдæ дарынц, æргътæй дæр æлхæнджыты зæрдæтæ кæй рухс кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Аргъ цас у?

Категория:

Новости и СМИ